Перейти к содержанию

Севанаванк

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Севаны моладзандон

Севанаванк (сом. Սեւանավանք) — моладзандон Севаны цады донгæрон цæгат-ныгуылæны ’рдыгæй, Гехаркуникы провинци Сомихы. Арæзтыты комплекс æрбынат кодта æрдæгсакъадах Севаныл — уый раздæр уыд къаннæг сакъадах[1].

IX æнусы размæ моладзандон арæзтæуыд дыууæ аргъуанæй: гыццыл Сыгъдæг Карапеты аргъуан æмæ уæрæх Сыгъдæг Арутюны (Зæрдæвæрæны аргъуан). Уыдон самадта 305-æм азы муртат дзуары бынаты Горигор Лусаворчи. Ашот Багратунийы хицауиуæджы заманы æмæ йæ фæстæ, 200 æзты дæргъ Баргратуниты рæстæджы нысангонд уыд экономикæйы мæ культурæйы рæзт, райдыдтой аргъуантæ 'мæ моладзондæттæ амайын, се ’хсæн Севанаванк дæр. VIII æнусы кæроны сакъадах Севаны æрбынат кодтой цалдæр моладзаны, уыдон самадтой уым сæ кельятæ 'мæ аргъуангонд. Сакъадах хорз бынаты кæй уæвы, уый руаджы моладзанты бæрц фæфылдæр, райдыдта моладзандоны активон арæзтад. Моладзантæ самадтой æртæ аргъуаны, цæрæнбынæттæ æмæ хæдзарадон агъуысттæ.

Моладзандон Севанаванк картæйыл 1927-æм аз.

Моладзандонæн бындур æрæвæдта принцессæ Мириам[2] 874-æм азы — Ашот I Багратуни чызг æмæ йæ кънйаз Гегаркуникы Васак Габуры[3] æмкъай. Цыдæр рæстæг дзы цард Сомихы паддзах Ашот II Æфсæйнаг. Моладзандоны къулты цур тох кодта араббаг хæстонтимæ, Севаны былмæ куы бацыдысты, уæд. Севаны хæсты хайад истой Севанаванкайы моладзантæ дæр.

XVI—XVII æнусты моладзандоны къултæ фехæлдтой, 1930-æм азы та сакъадахæй ацыд фæстаг моладзан. Абон моладзандон ногæй кусы, уыймæй уæлдай ма дзы ис семинар Вазген I номыл.

Севаны моладзандоны панорамæ

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. http://www.armenica.org/cgi-bin/armenica.cgi?=2=ba=1====baz0020 Armenica.org: Sevanavank
  2. http://www.armenianheritage.org/ru/monument/Sevanavank/526 Архивгонд æрцыдис 26 июлы 2020 азы. Ус-паддзах Мириам æмæ Севаны моладзандон
  3. Sergio La Porta. Monasticism and the construction of the Armenian intellectual tradition // Monasticism in Eastern Europe and the Former Soviet Republics / Edited by Ines Angeli Murzaku. — Routledge, 2015. — P. 332 "One of the earliest instances of a princely foundation for a monastic complex was the monastery of Sewan. Its foundation also provides the earliest explicit reference to the use of the Basilian Rule, translated in the sixth century, by an Armenian monasctic community (Garsoian 2005—7: 183). The monastery was built in 874 on the island of Sewan in Lake Sewan by Princess Mariam, daughter of Prince of Princes Ašot Bagratuni and widow of Prince Vasak Gabur Siwni (Pogossian 2012). Mariam's example was followed by her son Grigor Sup'an II as well as by other members of the Bagratuni royal family and princess of Siwnik'."

Ноджы кæс

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]