Перейти к содержанию

Хаханты Алыксандр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хаханты Алыксандр
гуырдз. ალექსანდრე სოლომონის ძე ხახანაშვილი
Хаханты Алыксандры хуызист Брокгауз æмæ Евфроны энциклопедийы
Хаханты Алыксандры хуызист Брокгауз æмæ Евфроны энциклопедийы
Райгуырды датæ 1864-æм азы 3 январы(1864-01-03) кæнæ 1866[1]
Райгуырæны бынат Гур, Тифлисы губернæ
Мæлæты датæ 1912-æм азы 7 августы(1912-08-07)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз филолог, историк, этнограф, скæсæнзонæг, византинист
Куысты бынат
Альма-матер
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Хаханты Соломоны фырт Алыксандр (гуырдз. ალექსანდრე სოლომონის ძე ხახანაშვილი, 1866 — 1912) у педагог, историк, публицист, зындгонд скæсæнзонæг, Лазаревты скæсæн æвзæгты институты профессор.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Хаханты Соломоны фырт Алыксандр райгуырдис 1866-æм азы Гуры сауджыны хæдзары, йæ фыд амыдта гуырдзиаг æвзаг æмæ чырыстон дин Гуры училищейы. Фыццаг ахуыр кодта, йæ фыд кæм куыста, уыцы училищейы, фæстæдæр каст фæцис Тбилисы фыццаг гимназ сыгъзæрин майданимæ æмæ Мæскуыйы университеты историон-филологон факультет, йæ дипломон куыст Византиаг æхсæнады тыххæй афтæ хæрзхъæд уыдис æмæ æрыгон ахуыргондæн радтой æвзист майдан.

1899-æм азæй уыцы-иу факультеты кастис лекцитæ гуырдзиаг истори æмæ литературæйæ, куыд приват-доцент, афтæ йæ амæлæты бонмæ. 1900-æм азæй Мæскуыйы университеты дæр куыста, уым дæр кастис лекцитæ.

Хаханы-фыртæн йæ сæйргадæр куыстыл нымад у «Очерки по истории грузинской словесности» (4 рауагъды, Мæскуы, 1895, 1897, 1902, 1906) — уый у дзургæ æмæ фысгæ литературæйы афæлгаст рагзамантæй XVIII æнусы онг. Йе ’мдуг гуырдзиаг фысджыты тыххæй уагъта бира уацтæ журналты («Русская мысль», «Жизнь», «Кавказский вестник» æмæ æндæрты).

Мыхуырæй уагъта гуырдзиагау фыст уацмыстæ дæр — уыдоны ’хсæн «Следы народной поэзии в грузинской летописи» æмæ «Крепостное право в Грузии до присоединения её к России» (Тифлис, 1890), уыцы чингуыты цæуы, кæмæй ахуыр кодта, уыцы ахуыргæндты фæдыл — В. И. Герье, П. Г. Виноградов, В. О. Ключевский æмæ В. Ф. Миллер[2].

Уарзта археологон куыстытæ дæр — хайад райста, 1886-æм азы цы гуырдзиаг фыстытæ ссардæуыд Мæскуыйы археологон æхсæнады экспедицийы рæстæг, уыдон иртасыны.

Бацархайдта Хаханы-фырт Руставели уырыссаг æвзагыл джыппæй рауадзыны хъуыддаджы дæр[3], иртæста рагон гуырдзы æмæ гуырдзиаг аргъуанты истори дæр. Францусагау рухс федтой йæ куыстытæ «Φυσιολογος en traduction géorg.» (II., 1898); «Histoire de Géorgie» (II., 1900); «La situation des arméniens dans le royaume de Géorgie» («Journ. Asiat.», 1898, март-апр.); немыцагау: «Ueber den gegenwärtigen Stand der grusinischen Philologie» и «Grusisches Bruchstück der Kalilag u. Dimnag» («Wiener Zeitschr. f. d. Kunde d. Morgenl.», VII и XIV т.)[2].

Хаханы-фырт уыд Брокгауз æмæ Ефроны энциклопедион дзырдуаты автортæй иу.

Хæрзæрыгонæй амардис 1912-æм азы рæуджыты низы аххосæй, 48 азы йыл куы цыдис, уæд. Ныгæд æрцыдис Тбилисы, Мтацъминдайы пантеоны фысджытæ æмæ æхсæнадон архайджытимæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Хаханов, Александр Соломонович (уырыс.) // Энциклопедический словарьСПб: Брокгауз — Ефрон, 1903. — Т. XXXVII. — С. 128.
  2. 2,0 2,1 Хаханов Александр Соломонович (уырыс.)
  3. «Барсова кожа», поэма XII Руставели по рук. моск. арх. иностр. дел (М., 1898).