Перейти к содержанию

Церетели, Георгий Василийы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Георгий Василийы фырт Церетели
гуырдз. გიორგი წერეთელი
Райгуырды датæ 8 (21) октябры 1904
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1973-æм азы 9 сентябры(1973-09-09)[1] (68 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз араббистикæ[d] æмæ ӕвзагзонынад
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн филологон зонæдты доктор[d]
Зонадон разамонæг Павел Константинович Коковцов[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гео́ргий Васи́лийы фырт Церете́ли (гуырдз. გიორგი ვასილის ძე წერეთელი, райгуырдис 1904-æм азы 8 (21) октябры Тианеты, Тифлисы губернæйы — амардис 1973-æм азы 9 сентябры Тбилисы) у советон ахуыргæнæг, скæсæнзонынады гуырдзиаг скъолайы бындурæвæрæг, арабист, Тбилисы паддзахадон университеты (ТПУ) Скæсæйнаг факультеты гуырæнтыл чи лæууыди, уый. Уый йеддæмæ Церетели уыд Гуырдзыстоны зонæдты академийы Скæсæнзонынады институты бындурæвæрæг æмæ фыццаг директор, уыцы академийы академик, ГССР-йы сгуыхт зонæдты кусæг, филологон зонæдты кандидат, профессор. Советон Цæдисы Зонæдты академийы бæлвырд уæнг 1968-æм азæй.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Георгий Церетели райгуырдис 1904-æм азы Гуырдзыстон скæсæны, посёлок Тианеты. Йæ фыд, кънйаз Василий Церетели (18621937) уыд зындгонд дохтыр, журналист æмæ меценат, был известным грузинским врачом, журналистом и меценатом, йæ фыдыфсымæр Михаил Церетели (18781965) та — зынгæ историк.

1927-æм азы Церетели каст фæци Тбилисы паддзахадон университет. 19281931 азты уыд Советон Цæдисы Зонæдты академийы аспирант, 19311933-æм азты — Ленинграды нырыккон скæсæйнаг æвзæгты институты доцент.

19331973-æм азты куыста профессоры хæдивæгæй (19331942) æмæ профессорæй (19421973) Тбилисы паддзахадон университеты. 19331937-æм азты — Гуырдзыстоны паддзахадон музейы хистæр кусæг. 1940-æм азæй 1960-æм азы онг Церетели разамынд лæвæрдта Гуырдзыстоны Зонæдты академийы Æвзагзонынады институты скæсæйнаг æвзæгты кафедрайæн. 1942-æм азы райста зонæдты докторы къæпхæн æмæ профессоры наукон ном.

1945-æм азы Церетели уыд скæсæнзонынады факультеты бындурæвæрджыты ’хсæн, уыцы факультеты семитаг æвзæгты кафедрæйæн уыд йæ сæргълæууæг (19451973).

1946-æм азы æвзæрст æрцыдис Гуырдзыстоны ССР-йы Зонæдты академийы бæлвырд уæнг (академик). 1970-æм азæй куытс академийы Президиумы.

1960-æм азы Церетели сæвæрдта Скæсæнзонынады институты бындур, 1973-æм азы онг уыд уыцы институт директор.

Георгий Церетели амардис 1973-æм азы Тбилисы. Ныгæд æрцыдис Тбилисы университеты парчы.

Иртасæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Георгий Церетелийы сæйрагæдæр архайд уыдис ацы темæтыл:

Церетели у 100 ахсджиаг зонадон-иртасæг уацмасы автор, рауагъта дæс монографийы.

Иуæй-иу ахсджиаг зонадон куыстытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • «Урартские надписи из Государственного музея Грузии» (монографи), Тбилис, 1939 (гуырдзиаг, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл).
  • «Армазская надпись периода Митридата Иберийского», Труды XXV Международного конгресса востоковедов, Мæскуы, 1962 (уырыссагау, англисаг резюме).
  • «Двуязычная надпись из Армази» (монографи), Тбилис, 1941 (уырыссагау, англисаг резюме).
  • «Арабские диалекты Центральной Азии. Бухарский диалект» (монографи), Тбилис, 1956 (уырыссагау, англисаг резюме).
  • «Древние грузинские надписи из Палестины» (монографи), Тбилис, 1960 (гуырдзиаг æмæ англисаг æвзагыл).
  • «Метр и рифма в поэме Шоты Руставели «Витязь в тигровой шкуре» (монографи), под редакцией Г. В. Церетели, Тбилис, 1973 (гуырдзиагау).
  • «The influence of the Tajik language on the vocalism of Central Asian Arabic dialects» («Влияние на вокализмы таджикского языка центрально-азиатских арабских диалектов») , BSOAS, vol. XXXIII, Part 1, London, 1970.
  • «The Verbal Particle m/mi in Bukhara Arabic», «Folia Orientalia», vol. XII, 1970

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 Церетели Георгий Васильевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Церетели Георгий Васильевич // Большая советская энциклопедия : [в 30 т.] / гл. ред. А. М. Прохоров. — 3-е изд. — М. : Советская энциклопедия, 1969—1978.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]