Перейти к содержанию

Арутюнян-Сарьян, Аракси Арцруны чызг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Аракси Арцруны чызг Арутюнян-Сарьян
Иумæйаг информаци
Райгуырды датæ 1937-æм азы 17 августы(1937-08-17)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2013-æм азы 26 сентябры(2013-09-26) (76 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Професситæ музыкæиртасæг, аивадиртасæг, музыкант
Хорзæхтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Аракси́ Арцру́ны чызг Сарья́н (Арутюнян) (райгуырдис 1937-æм азы 17 августы Ленинаканы — амардис 2013-æм азы 26 сентябры Ереваны) — Сомихы аивады зонæдты сгуыхт архайæг[1], аивады зонæдты кандидат, Комитасы номыл Ереваны консерваторийы профессор.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис артисты бинонты, йæ фыд уыд Ленинаканы драматикон театры директор Арцрурн Арутюнан.

Ахуыр кодта Ленинаканы Пушкины номыл астæуккаг скъолайы (фæцис æй майданимæ). Уымæй уæлдай ма ахуыр кодта Кара-Мурзайы номыл училищейы (райста диплом иттæг хорз нысæнттимæ). 1955-æм азы бацыд Ереваны паддзахадон медицинон институтмæ. Иттæг хорз нысæнттимæ куы фæцис фыццаг курс, уæд дыккаг курсмæ рацыды фæстæ ныууагъта йæ институт æмæ бацыд Комитасы номыл Ереваны консерваторимæ историон-теоретикон хайадмæ.

1962-æм азы, консерватори куы фæцис, уæд сси Археологи æмæ этнографийы институты аспиранткæ, йæ разæмонæг уыд зынгæ музыкант Роберт Атаян. 1965-æм азы уыцы институты куыста кæстæр зонадон сотрудникæй. 1969-æм азы ныффыста диссертаци «Сомихаг сахайраг адæмон зарджыты аивад (XIX—XX æнус)»-ы темæйыл. Уый фæстæ райста аивады зонæдты кандидаты ахуырадон ном. Цалынмæ консерваторийы студент уыд, уæдмæ иу афон куыста дыууæ астæуккаг скъолаты: Т. Чухаяджаны номыл музыкалон скъола æмæ П. Чайковскийы номыл. Уым куыста музыкалон литературæйы ахуыргæнæгæй, уымæй уæлдай ма музыкалон редакторæй паддзахадон радиокомитеты.

Скъоладзауы Филармонийы фыццаг лектортæй сæ иу. Уыд цæдис «Знание»-йы бирæ мадзалты активон хайадисæг. 1968-æм азæй йæ мæлæты онг куыста педагогæй Комитасы номыл Ереваны паддзахадон консерваторийы. Уагъта музыкæйы историйы курсытæ. 1995-æм азæй уыд музыкæйы историйы кафедрайы сæрдар[2]. 1966-æм азæй — Сомихы композиторты цæдисы уæнг, музыкæйы зонæдты секцийы сæрдар[3].

  • Зонадон — иртасæнтæ, монографи, чингуыты автор, редактор æмæ тæлмацгæнæг
  • Докладтæ конференцитыл
  • Фыццаг ныхас концертты
  • Радио æмæ телеалæвæрдтæ
  • Уацтæ, рецензитæ союзон æмæ республикон прессайы, журналты æмæ газетты

Монографитæ

[ивын | Бындур ивын]
  • «Сомихаг сахайраг адæмон зарджыты аивад (19 — 20 æнус)» («Հայ քաղաքային ժողովրդական երգարվեստը»). Редактор Р. Атаян. «Этнография и фольклор», 4-й том (стр. 85 — 174). Ереван, изд. АН Арм ССР, 1973
  • «Медея Абрамян» (æмавтор с А. Барсамян) («Մեդեա Աբրահամյան»). Ред. З. Тер-Казарян, Ереван, изд. «Арчеш» , 2000
  • «Татул Алтунян æмæ сомихаг зарæг æмæ кафт» («Թաթուլ Ալթունյանը և հայ երգն ու պարը»). Ред. А. Енокян. Ереван, изд. «Комитас», 2008
  • «Левон Мамиконян. Музыкæ, цардимæ иумæ» («Լևոն Մամիկոնյան: Երժշտությունը` կյանքի ուղեկից») . Ред. А. Енокян. Ереван, изд. «Комитас», 2010
  • «Самсон Гаспарян. Музыкæиртасæг æмæ архайæг» («Սամսոն Գասպարյան: Երաժշտագետն ու գործիչը»). Ред. М. Ароян, Составитель архивных материалов Ц. Бекарян. Ереван, изд. «Комитас», 2010
  • Сергей Яковенкойы монографи «Волшебная Зара Долуханова»-йы сомихаг тæлмацы спецредактор. Ереван, изд. «Амроц Груп», 2009
  • Йæ фыд — Арцрун Арутюнян (райгуырд 1910-æм азы — амард 1994-æм азы) — артист, Ленинаканы драматикон театры директор, Сомихы адæмон артист
  • Дядя — Вараздат Арутюнян (1909—2008) — сомихаг архитектурæйы историк, академик НАН РС, Сомихы аивæдты сгуыхт архайæг
  • Йæ мад — Софья Акопян (1911—2003) — ахуыргæнæг
  • Йæ бинойнаг — Лазарь Сарьян (1920—1998) — композитор, педагог, адæмон артист ССРЦ
  • Йæ чызг — Сарьян Лусик Лазары чызг (1969—1991) — пианисткæ
  • Йæ чызг — Сарьян Софья Лазары чызг (райгуырд 1971-æм азы) — М. Сарьяны хæдзар-музейы сæраг хъахъхъæнаг.
  • Йæ чызгы чызг — Лусик Тиграны чызг Нерсесян (райгуырд 1999-æм азы)
  • Йæ чызгы лæппу — Эмиль Тиграны фырт Нерсесян (райгуырд 2009-æм азы)

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Honorary Titles of the Republic of Armenia(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 19 октябры. Архив 2019-æм азы 30 январы.
  2. Araksi Sarian
  3. Who is who? Armenians Biographical Encyclopedia, 2 volumes, Armenian Encyclopedia. 2005.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • В. Залян, «Мой педагог — Аракси Сарьян», журнал «Музыкальная Армения», N 3, 2005, стр. 20-22