Перейти к содержанию

Дыхтау

43°03′09″ с. ш. 43°07′54″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дыхтау
хъæр-балхъ. Дых тау
Дыхтау Кёль-Башийæ бакæсгæ
Дыхтау Кёль-Башийæ бакæсгæ
Кæм ис
43°03′09″ с. ш. 43°07′54″ в. д.HGЯO
Ран Уæрæсе
Хохы системæ Кавказ
Рагъ Фæрсаг рагъ
Характеристикæтæ
Цъуппы бæрзæнд 5204 м [1]
Ахастон бæрзæнд 2002 м
Фыццаг сцыд Альберт Маммерти, Зарфлу, 1888-æм аз
Дыхтау (Кæсæг-Балхъар)
Дыхтау
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Дыхта́у (хъæр.-балхъ. Дых тау — «уырдыг хох») — Стыр Кавказы Фæрсаг рагъыл хохы цъупп. Тертиториалонæй уæвы Кæсæг-Балхъары республикæйы Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæны территорийыл. Йæ бæрзæндмæ гæсгæ Кавказы æмæ Уæрæсейы ахсы дыккаг бынат, Эльбрусы фæстæ.

Æвæрд у Гуырдзыстон æмæ Кæсæг-Балхъары арæныл. Дыхтау ма хонынц «Скъуыдтæ» кæнæ «Уырдыг хох», уымæн æмæ тæссаг хохыл нымад у, адæм дæр æм, иннæ цъуппытæй хъауыджыдæр, стæмдæр ныхилынц. Йæ æдддагцъар цæхгæртæ æмæ тæссаг у; бирæ рæтты айнæгджын, арæх дзы сты зæйтæ æмæ дуркæлæнтæ. Зымæджы хохы фæхстыл температурæ ныллæг у[2].

Хох у пирамидалон, арæзт у кристалликон породæтæй, хæрзбæрæг Сæйраг (5204,7 м)[3] æмæ Скæсæйнаг (5180 м)[4] цъуппытимæ.  Сæ дыууæйы астæу цæуы нарæг дæлвæзгонд. Уымæй уæлдай ма Дыхтауы массивы альпинисттæ хицæн кæнынц 50-метрон жандарм  — Пушкины пик[5].

Дыхтауыл альпинистон маршруттæ 10-æй фылдæр айгæрстæуыд. Уæрæсейаг классификацимæ гæсгæ дзы тæккæ минималондæр зын у 4А[6]. Цъуппмæ фыццаг хатт схызтысты 1888-æм азы Альберт Маммерти æмæ Зарфлу йæ хуссар-ныгуылæйнаг рагъыл (4Б)[6][7].

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Картæйы сыф K-38-27 Уæллаг Балхъар. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1984-æм азы. Рауагъд 1988-æм азы.
  2. Топ-10 самых высоких гор России(недоступная ссылка). Журнал «Отдых в России». Датæ: 2020-æм азы 5 мартъийы. Архив 2020-æм азы 17 октябры.
  3. Альплагерь "Безенги" в КБР в юбилейный сезон обучит спортсменов спасать людей в горах. Датæ: 2020-æм азы 5 мартъийы.
  4. Безенги – альпинистская жемчужина Кабардино-Балкарии. Кавказский Узел. Датæ: 2020-æм азы 5 мартъийы.
  5. Дыхтау // Большая российская энциклопедия : [в 35 т.] / гл. ред. Ю. С. Осипов. — М. : Большая российская энциклопедия, 2004—2017.
  6. 6,0 6,1 А. Ф. Наумов. Центральный Кавказ. Район Безенги / Л. С. Рубанова. — Москва: Физкультура и спорт, 1967.
  7. Mummery, A. F. My climbs in the Alps and Caucasus. — London, T. F. Unwin; New York, C. Scribner's sons, 1885. — ISBN 1-904466-09-5.