Акопян, Арам Хачатуры фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Футбол
Арам Акопян
Æнæхъæн ном Арам Хачатуры фырт Акопян
Райгуырдис 1979-æм азы 15 августы(1979-08-15)[1] (44 азы)
Æмбæстонад Сомих Сомих
Ас 175 см
Позици размæбырсæг
Куысты бынат тренер

Ара́м Хачату́ры фырт Акопя́н (сом. Արամ Խաչատուրի Հակոբյան; райгуырдис 1979-æм азы 15 августы Ереваны, Сомихы ССР, ССРЦ) у сомихаг футболист, размæбырсæг, тренер. Хъазыдис национ иугонд командæйы, «Спартак»-ы (Ереван), «Бананц»-ы, «Улисс»-ы æмæ «Импульс»-ы. У Акопян Арайы æфсымæр.

Клубон карьерæ[ивын | Бындур ивын]

Арам йæ карьерæ байдыдта Арташаты клуб «Двин»-ы, йе ’фсымæр Араимæ хъазыдис иумæ. Афæдз фæстæ та Ара ацыдис Дзæуджыхъæуы «Алани»-мæ, Арам та — «Цемент»-мæ. Чысыл фæстæдæр йæ кæстæр æфсымæр дæр уыцы командæмæ æрбацыдис.

Уыцы клубы Арам хъазыдис 2002-æм азы онг, клуб йæ ном «Спартак»-мæ куы аивта, уæдмæ. Уый фæстæ футболист ралыгъдис Украинæмæ æмæ дзы хъазыдис Алчевскы клуб «Сталь»-ы. 2005-æм азы раздæхтис йæ сомихаг клубмæ (кæцы «Бананц» хуыйнын райдыдта) æмæ дзы хъазыдис 51 хъазты дыууæ азы дæргъы, 37 пуртийы бакъуырдта.[2].

2011-æм азы 19 июлы футболист фехъусын кодта, йæ хъазæджы карьерæ кæй фæцис, уый тыххæй.[3].

Иугонд командæйы мидæг[ивын | Бындур ивын]

Иугонд командæмæ Арамы райстой 2000-æм азы, «Аракс»-ы ма куы хъазыдис, уæд. Уыцы аз ахъазыдис 4 хъазты, стæй фондз азы дæргъы иугонд командæйы нал хъазыдис.

Акопяны æнтыстджын хъазт «Бананц»-ы иугонд командæйы тренертæн ахæм хъомыс радта, æмæ йæ фæстæмæ æрбахуыдтой командæмæ. Арам Акопян иугонд командæйы ахъазыдис 16 матчы æмæ дзы бакъуырдта иу пурти (Андорæйы командæйы дуармæ).

Футболисты æнтыстытæ[ивын | Бындур ивын]

Командæйы æнтыстджытæ[ивын | Бындур ивын]

«Спартак» (Ереван)
  • Сомихы чемпион (1): 2000
  • Уыцы чемпионаты Бронзæйы призёр (3 хатты): 1999, 2001, 2002
  • Сомихы Хъалацы уæлахизгæнæг (1): 1999
  • Сомихы Суперхъалацы хицау (1): 1999
«Бананц»
  • Сомихы чемпионаты Æвзист призёр (3 хатты): 2003, 2006, 2007
  • Сомихы чемпионаты Бронзæйы призёр (1): 2005
  • Сомихы Хъалацы финалист (1): 2003.

Йæхи æнтыстытæ[ивын | Бындур ивын]

  • Сомихы афæдзы футболист: 2005
  • Сомихы чемпионаты футболæй хуыздæр бомбардир: 2006
  • Футболон клуб «Бананц»-ы голтæ бакъуырджыты ’хсæн рекордсмен — æдæппæт 62 пуртийы

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Aram Hakobyan // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
  2. Лучшие бомбардиры чемпионатов Армении. Armsport.com (10.11.2010). Датæ: 2011-æм азы 15 январы. Архив 2012-æм азы 9 апрелы.
  3. Арам Акопян завершил карьеру футболиста. Armfootball.com (19.07.2011). Датæ: 2011-æм азы 21 июлы. Архив 2012-æм азы 9 апрелы.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]