Рубас (цæугæдон)
Рубас | |
---|---|
Характеристикæ | |
Дæргъ | 92 км |
Бассейны фæзуат | 1180 км² |
Цæугæдæтты бассейн | Къаспы денджыз |
Доны хардз | 1,01 м³/с (Хучнийы хъæу) |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Джуфту-Дагъæй 3,4 км фалдæр |
· Бæрзæнд | 2 580 м |
Донæфтæн | Къаспы денджыз |
· Бынат | Арабляр, Курахы район |
· Бæрзæнд | -28 м |
Ран | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Регион | Дагъистан |
|
Рубас (Рубасчай) — Дагъистаны Табасараны, Курахы æмæ Дербенты районты кæлæг цæугæдон.
Цæугæдонæн йæ дæргъ — 92 км[1]. Донæмбырдгæнæн бассейны фæзуат — 1180 км²[1].
Географи
[ивын | Бындур ивын]Йæ ратæдзæн мидæггаг Дагъистаны рæгътæй иуы цæгат-скæсæйнаг рагъы, Джуфу-Дагъы хохæй хуссар-скæсæнырдæм. Бакæлы Къаспы денджызмæ хъæутæ Арабляр æмæ Моллакенты цур.
Гидрологи
[ивын | Бындур ивын]Цæугæдонæн йæ хæдхуыз миниуæг у афæдзы хъарм рæстæджы ивылæн режимы кæй уæвы. Зымæджы та йæ дæттæ æрмынæг вæййынц. Аздæргъы йæ донхардзы тæккæ егъаудæр бæрæггæнæнтæ вæййынц тæркуарынты рæстæг. Сæрдыгон сахаджын ивылдтытæ хатт катострофикон уавæрмæ æртæрынц. Афæдзы æхсæйнаг доны хардз — 1,01 м³/с, максималон — 59,3 м³/с[1].
Фæрсагдæттæ
[ивын | Бындур ивын]Тæккæ дынджырдæр фæрсагдæттæ: — Афначай, Ханагчай, Крачаг-су, Камышчай. Цæугæдонмæ йæ дæллаг хайы арæх ауадзынц Самур-Дербенты къанауы лæсæн.
Цæугæдоны иртæстытæ æмæ донхæдзарадон нысаниуæг
[ивын | Бындур ивын]Цæугæдон иртæстой гидрологион постыты — Хучни æмæ Хошмензилы. Рубасы дæттæй пайдачындæуы донхæрæн — Рубасы хъæуæй 3 км уæлдæр райдайы Куйбышевы номыл донхæрон къанау.
Археологи
[ивын | Бындур ивын]Цæугæдоны донæфтæнты, йæ рахиз былгæроны, Чулаты хъæуæй 3 км уæлдæр дæргъвæтин тæссарон къæпхæныл, донлыгæй 30 метры уæлдæр ис бирæфæлтæрджын палеолитикон лæууæн Рубас-1. Йæ ашелаг фæлтæртæн сæ сæвзæрæны рæстæг бакинаг трансгрессийымæ (Q1b) æмиас у ~600 мин азы размæ[2][3]. Тæккæ рагондæр ссарæгггæтæ ам радта 5-æм фæлтæр, уыдон сты фыццагон палеолиты райдайон этапты лыстæгмигæнон индустрийы баззайæгтæ, бирæ дзы ис чысыл асы (~ 2-4 см) предметтæ, арæх сты æнæфаст бындуртæ (частым использованием несколовых основ (къæрттытæ, схъистæ), æмæ лæмæгъ типологион характеристикæтæй.[4][5]. Рубас Карчаг-Суйы цæугæдонмæ цы бынаты хауы, уым уæвы Шор-Доре-1-6, уый ахастæуы рагонбакуйы заманимæ (0,4—0,3 млн л. н.)[6].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 1,2 Ресурсы поверхностных вод СССР том 9, Закавказье и Дагестан, вып. 3, Дагестан
- ↑ Археология в изменяющейся России (А. П. Деревянко, В. Н. Зенин (Институт археологии и этнографии СО РАН) «Древнейшие индустрии юго-восточного Дагестана»)(недоступная ссылка). Датæ: 2014-æм азы 18 апрелы. Архив 2014-æм азы 18 апрелы.
- ↑ Деревянко А. П., Анойкин А. А., Славинский В. С., Борисов М. А.. Новые данные о раннепалеолитическом комплексе местонахождения Рубас-1 (по материалам работ в 2007 году)
- ↑ Деревянко А. П., Анойкин А. А., Казанский А. Ю., Матасова Г. Г. Новые данные по обоснованию возраста раннепалеолитического комплекса артефактов местонахождения Рубас-1 (Приморский Дагестан) // Известия Алтайского государственного университета. Выпуск № 3 (87) / том 2 / 2015.
- ↑ Лещинский С. В. Обоснование относительного возраста нижнего культурного горизонта местонахождения Рубас-1 // Деревянко А. П., Амирханов Х. А., Зенин В. Н., Анойкин А. А., Рыбалко А. Г. Проблемы палеолита Дагестана. — Новосибирск, 2012.
- ↑ Анойкин А. А. Археологические материалы комплекса местонахождений Шор-Доре-1-6 в контексте индустрий финала раннего палеолита Приморского Дагестана // Вестн. НГУ. Серия: История, филология. 2016. Т. 15, № 7: Археология и этнография. С. 49-59.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Ресурсы поверхностных вод СССР том 9, Закавказье и Дагестан, вып. 3, Дагестан