Шах-Азиз, Смбат Симоны фырт
Смбат Симоны фырт Шах-Азиз | |
---|---|
сом. Սմբատ Շահազիզ | |
Райгуырды датæ | 1840-æм азы 17 сентябры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1908-æм азы 5 январы (67 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | поэт |
Уацмысты æвзаг | сомихаг[1] |
Викикъæбицы медиа |
Смбат Симоны фырт Шах-Азиз (Шахазизян) (сом. Սմբատ Շահազիզ; райгуырдис 1841-æм азы — амардис 1908-æм азы) — сомихаг поэт, публицист æмæ педагог[2].
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Райгуырд 1840-æм азы 17 сентябры Аштарачы сахары Эчмиадзины уезды сауджыны бинонты; уый уыд æхсæз æфсымæртæн сæ кæстæр.
Дæс азмæ ахуыр кодта хæдзары, стæй уездон скъолайы, уый фæстæ йæ арвыстой Мæскуымæ Лазаревты институтмæ. Институт куы фæци, уæд баззад уым нырыккон æмæ классикон сомихаг æвзаджы ахуыргæнæгæй, æмрæстæджы та цæттæ кодта йæ ахуырад адарддæр кæнынмæ. 1867-æм азы райста скæсæнзонады (скæсæны æвзæгты) кандидаты къæпхæн Бетъырбухы университеты. Уый фæстæ дарддæр куыста ахуыргæнæгæй Лазаревты институты æртын азы бæрц — йæ куыстуæгъды онг 1897-æм азы. Шах-Азиз æргом кодта Уæрæсейы паддзахы сомихæгты ныхмæ цы режим уыд, уый æмæ турккаг дипломатийы дыдзæсгомдзинад.
Амард 1908-æм азы 5 январы Мæскуыйы. Баныгæдтой æй Сомихаг уæлмæрды Мæскуыйы.
Сфæлдыстад
[ивын | Бындур ивын]Смбат райдыдта фыссын йæ студентон æзты, йе ’сфæлдыстадыл ын æндæвтой сомихаг поэттæ Рафаэл Патканян æмæ Хачатур Абовян. 1861-æм азæй райдыдта кусын журнал «Юсис апайл»-имæ («Цæгаты æрттивын», бындурæвæрæг Степан Назарян) цалынмæ йын йæ рауагъд нæ сæхгæдтой 1864-æм азы. 1860-æм азы Шах-Азиз мыхуыры рауагъта йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырд «Азатутян жамер» («Сæрибардзинады рæстæг»). Уый арызт уыд æртæ æмæ æртын æмдзæвгæйæ нырыккон æмæ классикон сомихаг æвзагыл.
Йæ поэтикон сфæлдыстады ’хсæн уыд: «Æвдæлон рæстæджы сахæттæ» (1858-æм аз, æмдзæвгæты æмбырд), «Леоны маст» (1865-æм аз, поэмæ); йæ прозæйы ’хсæн: «Публицисты хъæлæс» (1881-æм аз), «Мысинæгтæ Варданы бæрæгбоны тыххæй» (1901-æм аз), «Цалдæр ныхасы мæ кæсджытæн» (1903-æм аз).
Мысæн
[ивын | Бындур ивын]- Смбата Шах-Азизы номæй схуыдтой Аштарачы астæуккаг скъола (байгом в 2014-æм азы).
- Йæ 150-аздзыд юбилейы тыххæй Советон Цæдисы рауагътой постайы къонверт[3].
- Фыццаг уырыссаг монографи сомихаг поэт Смбат Шах-Азизы тыххæй ныффыста Юрий Веселовский.
- Поэты æмдзæвгæтæ тæлмац кодтой уырыссаг æвзагмæ Ольгæ Чюмина, Изабеллæ Гриневская, Лев Уманц, Серги Головачевский æмæ æндæртæ.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Веселовский Ю. А. Сомихаг поэт Смбат Шахазиз. М., 1905-æм аз.
- Сомихы поэзи рагон заманæй ацы бонтæм, ред. А. В. Я. Брюсов. М., 1916-æм аз.
- Ерканян В. С. Сомихаг культурæ в 1800-1917-æм æзты. / Тæлм. сом. К.С. Худавердян. Ер., 1985-æм аз.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
- ↑ Шахазиз Смбат
- ↑ Шахазиз Смбат Симонович