Гамкрелидзе, Тамаз Валерианы фырт
Тамаз Валерианы фырт Гамкрелидзе | |
---|---|
гуырдз. თამაზ ვალერიანის ძე გამყრელიძე | |
Райгуырды датæ | 1929-æм азы 23 октябры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2021-æм азы 10 февралы (91 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | æвзагзонынад |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Ахуырадон ном | профессор[d], Советон Цæдисы Зонæдты академийы академик[d] æмæ УЗА-йы академик[d] |
Зонадон разамонæг | Игорь Михайлович Дьяконов[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Тама́з Валериа́ны фырт Гамкрели́дзе (гуырдз. თამაზ ვალერიანის ძე გამყრელიძე, райгуырдис 1929-æм азы 23 октябры Кутаисы) у советон æмæ гуырдзиаг лингвист, скæсæнзонæг, индоевропеист, ССРЦ-ы Зонæдты академийы бæлвырд уæнг, Уæрæсейы Зонæдты академийы уæнг (1991), Гуырдзыстоны Зонæдты академийы сæргълæууæг (2005—2013). Математик, УЗА-йы уæнг Реваз Гамкрелидзейы æфсымæр.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]1952-æм азы каст фæцис Тбилисы паддзахадон университеты скæсæнзонынады факультет. 1956-æм азы та бахъахъхъæдта кандидаты диссертаци хеттаг æвзаджы индоевропæйаг чи не сты, ахæм элементты тыххæй.
1953—1960 азты куыста ГССР-йы Æвзагзонынады институты. 1960 азæй 2008-æм азы онг — структурон æмæ пайдагæнæн лингвистикæйы кафедрæйы (1999-æм азæй хуыйны «иумæйаг æмæ пайдагæнæн лингвистикæйы кафедрæ») сæргълæууæг Тбилисы университеты[2]. Филологон зонæдты доктор (1963), профессор (1964).
1979-æм азæй уыд Советон Цæдисы Зонæдты академийы уæнг-корреспондент (литературæ æмæ æвзаджы хайад), 1984-æм азæй та — уыцы хайады академик[3]. 1988-æм азæй 1994-æм азы онг уыд журнал «Вопросы языкознания» (Æвзагзонынады фарстатæ) сæйраг редактор[4][5].
1974-æм азæй Гуырдзыстоны Зонæдты академийы бæлвырд уæнг, 2005—2013 азты та уыд ацы академийæн йæ сæргъы.
1984-æм азы æвзæрст æрцыдис Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Адамыхаттыты Советмæ Аджараг АССР-йæ[6]. Йæ политикон карьерæ адаргъ кодта, уыд Советон Цæдисы адæмон депутат (1989-90), Гуырдзыстоны Уæлдæр Советы депутат (1990-91)[7], Гуырдзыстоны парламенты уæнг (1992-2004).
Тамаз Гамкрелидзе у индоевропæйаг лингвистикæ æмæ рагон æвзæгты тыххæй къорд зындгонд куыстыты автор. 1972-æм азы уый Вяч. Вс. Ивановимæ рæгъмæ рахаста афтæ хуынд «глотталон теори», кæцы рухс федта дыууæ ахуыргонды монографийы «Индоевропæйаг æвзаг æмæ индоевропæйæгтæ», зæгъгæ, (1984).
Гамкрелидзейæн йæ иннæ куыстыт уыдысты теоретикон лингвистикæ æмæ картвелаг æвзæгты тыххæй, стæй фыссынады равзæрды тыххæй.
Гамкрелидзе у бирæ фæсарæйнаг академиты уæнг, уыдоны ’хсæн АИШ-ы Зонæдты националон академийы (2006)[8], Венгрийы Зонæдты академйы (2007)[9]. У Бонны æмæ Чикагойы университетты кадджын доктор (Doctor honoris causa) æмæ Америкаг лингвистикæйы æхсæнады кадджын уæнг (1971-æм азæй).
1991-æм азы Тамаз Гамкрелидзе цыбыр рæстæг уыд Тбилисы паддзахадон университеты ректоры бынаты.
Тбилисы кадджын гражданин (2000).
Сæйраг куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]- The Akkado-Hittite syllabary and the problem of the origin of the Hittite script // «Archiv Orientalni» (vol. 29). 1960.
- Anatolian languages and the problem of Indo-European migration to Asia Minor // Studies in General and Oriental Linguistics. — Tokyo, 1970.
- Sonantensystem und Ablaut in den Kartwelsprachen. Tüb., 1982 (mit G. Macavariani);
- Гамкрелидзе Т. В., Иванов Вяч. Вс. Индоевропейский язык и индоевропейцы: Реконструкция и историко-типологический анализ праязыка и протокультуры. В 2 тт. — Тбилиси: Изд-во Тбилисского ун-та, 1984. — xcvi + 1328 с.
- Алфавитное письмо и древнегрузинская письменность (Типология и происхождение алфавитных систем письма) Архивгонд æрцыдис 10 июны 2018 азы.. — Тбилиси, 1989.
- Alphabetic writing and the old Georgian script. N. Y., 1994;
- Indo-european language and Indoeuropeans (vols. I—II). — Berlin / New York, 1994—1995 (иумæ æд Вяч. Вс. Иванов)
- Избранные работы по картвелологии. Тб., 2000 (на груз. яз.);
- Курс теоретической лингвистики. Тб., 2003 (в соавт., на груз. яз.);
- Selected writings. Innsbruck, 2006.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Каталог Немецкой национальной библиотеки (нем.)
- ↑ Tamaz Gamkrelidze(англ.)(недоступная ссылка). tsu.ge. Датæ: 2015-æм азы 9 майы. Архив 2015-æм азы 5 майы.
- ↑ Гамкрелидзе Тамаз Валерианович . ras.ru. Датæ: 2015-æм азы 9 майы.
- ↑ Вопросы языкознания(недоступная ссылка). hist-phil.ru. Датæ: 2015-æм азы 9 майы. Архив 2015-æм азы 5 майы.
- ↑ Из истории журнала «Вопросы языкознания» . ruslang.ru. Датæ: 2015-æм азы 9 майы.
- ↑ Список депутатов Верховного Совета СССР 11 созыва . Датæ: 2015-æм азы 1 мартъийы.
- ↑ საქართველოს რესპუბლიკის პირველი მოწვევის უზენაესი საბჭო - 1990 - 1991 წწ . Датæ: 2019-æм азы 18 октябры.(гуырдз.)
- ↑ Thomas V. Gamkrelidze(англ.). nasonline.org. Датæ: 2015-æм азы 5 майы.
- ↑ Gamkrelidzé, Thomas V. . mta.hu. Датæ: 2015-æм азы 5 майы.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Климов Г. А. Т. В. Гамкрелидзе и картвельское языкознание // Историческая лингвистика и типология. М., 1991.
- 23 октябры чи райгуырдис, уыдон
- 1929-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Кутаисы чи райгуырдис, уыдон
- 10 февралы чи амардис, уыдон
- 2021-æм азы чи амардис, уыдон
- Тбилисы чи амардис, уыдон
- Ленины премийы лауреаттæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Ахуыргæндтæ алфавитмæ гæсгæ
- Фонологтæ
- Компаративисттæ
- Картвелологтæ
- Семитологтæ
- Хеттологтæ
- Индоевропеисттæ
- Филологон зонæдты доктортæ