Перейти к содержанию

Адонц, Николай Георгийы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Николай Георгийы фырт Адонц
сом. Նիկողայոս Գևորգի Ադոնց
уырыс. Николай Георгиевич Адонц
Райгуырды датæ 10 (22) январы 1871[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1942-æм азы 27 январы(1942-01-27)[2][3] (71 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз арменистикæ[d] æмæ византинистикæ[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуыргæнинæгтæ Кирилл Туманов[d] æмæ Питер Харанис[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Никола́й Гео́ргийы фырт Адо́нц (Никогайос Тер-Аветикян; сом. Նիկողայոս Գեորգիի Ադոնց (Տէր-Աւետիքեան); 18711942) — сомихаг византинист[4] æмæ арменист, æхсæнадон архайæг, историк[5].

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Николай Адонц райгуырдис 1871 азы 22 январы хъæууон сауджыны бинонтæм, Брнакоты хъæуы (Елизаветполы губернæ).

Фыссын-кæсын базыдта бынаты аргъуаны скъолайы, стæй ахуыр кодта Татевы моладзандоны скъолайы, Эчмиадзины дины семинары æмæ Тифлисы 2-æм уырыссаг классикон гимназы (1892—1894). Гимназ каст куы фæци, уæд йæ къухы бафтыд Бетъырбухы университеты историкон-филологон факультетмæ бацæуын. 1895-æм азы фæззæгæй ахуыртæм цыдис дыууæ факультеты дæр — историкон-филологон æмæ скæсæны æвзæгты факультеты. Тагъд рæстæджы Адонц сси зындгонд скæсæнзонæг Николай Марры ахуыргæнинаг. 1899-æм азы Адонц фесгуыхт и фæлварæнты æмæ райста диплом æд сызгъæрин майдан, сомихаг сыгъдæджыты царды тыххæй цы уацмыс ныффыста, уый тыххæй. 18991902 азты кодта иртасæн куыст Византияйы империйы тыххæй Мюнхены университеты, стæй Сорбоннæ æмæ Оксфорды. 1902-æм азы раздæхтис Бетъырбухмæ, магистры къапханы фæлварæнтæм йæхи цæттæ кодта. 1908-æм азы рухс федта йæ ахсджиаг уацмыс «Сомих Юстинианы рæстæг. Политикон уавæр нахарарты æлдариуæг кæныны уæварты».

1909-æм азы Адонц уыцы темæйыл диссертаци бахъахъхъæдта, стæй цалдæр рæстæг ахуыр кодта гуырдзиаг æвзаг Тбилисы, уый фæстæ ацыдис Эчмиадзинмæ рагон сомихаг къухфыстытимæ кусынмæ.

Уæрæсейы хицæуады хъæппæрисæй уыцы рæстæг сарæзтæуыд Сомихаг фарстайы фæдыл къамис. Анонц сси Бетъырбухаг сомихаг къамисы уæнг, Паддзахадон думæйы депутат М. И. Пападжановимæ 1912-æм азы абалц кодта Константинопольмæ, ныхас кодтой уымы сомихаг элитæ цæуыл тыхсы, ууыл. Бетъырбухы Адонц, куыд сомихаг къамисы уæнг, æххуыс кодта лигъдæттæн.

1916-æм азы Н. Я. Марры экспедицийы сконды Адонц цæуы Муш æмæ Эрзерумы историон бынтæ афыссынмæ, цалынмæ уырыссаг хотыхджынтæ уыцы зæххытæ байстой Дунеон хæсты.

1916-æм азы Адонц райста филологийы докторы къапхан, равзæрстой йæ Бетъырбухы университеты сомихаг æмæ гуырдзиаг филологийы кафедрæйы профессорæй.

1920-æм азы Адонц цæрынмæ ацыдис фæсæрæнтæм, цардис Лондоны, Парижы (1921−1931) æмæ Брюсселы (1931-æм азæй йæ амæлæты бонмæ). Разамынд лæвæрдта Брюсселы сæрибар университеты Арменистикæйы кафедрæйæн (1940-æм азы онг, университет куы сæхгæдтой, уæдмæ).

Николай Адонц амардис 1942-æм азы 27 январы оккупацигонд Брюсселы.

Æнтыстытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Филологийы доктор (1916).
  • Бетъырбухы университеты профессор (1916).
  • Брюсселы университеты профессор (1930).

Уацмыстæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Адонц Н. Г. Армения в эпоху Юстиниана. — 2 изд. — Ереван: Изд-во Ереванского ун-та, 1971. — 526 с.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  • Nikoghayos Adonts. Samuel l’Arménien, roi des bulgares. Bruxelles: Palais des Académies, 1938, 63 p. [reprinted in: Etudes Armeno-Byzantines. Calouste Gulbenkian Foundation. Lisbon, 1965, p. 347—407. Distributor: Livraria Bertrand]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. ԽուդավերդյանՀայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
  2. Адонц Николай Георгиевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  3. Nicolas Adontz // AlKindi (онлайн-каталог Доминиканского института востоковедения)
  4. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF
  5. Карен Ю. Адонц, Николай Георгиевич // Армянская советская энциклопедия. — 1974. — Т. 1. — С. 77.