Сау денджызы кавказаг былгæрон
Сау денджызы кавказаг былгæрон (кæнæ Сау денджызы Кавказ) — рагзаманы Колхидæ — у географион æмæ историон регион Сау денджызы скæсæйнаг былыл[1]. Йе скондмæ хауынц Краснодары крайы денджызгæрон районтæ, Абхаз[2] æмæ ныгуылæн Гуырдзыстоны районтæ. Ацы бæстæйæн йæ фылдæр хай нымад цæуы курортон зонæйыл, алы аз дæр, уæлдайдæр сæрдыгон рæстæг ардæм гуылф кæнынц адæм сæ фæллад суадзынмæ.
Сау денджызы кавказаг былгæрон географион уæрхадмæ гæсгæ (42°—45° ц. у.) у Адриатикæ æмæ хуссар Францы курорты æнгæс, йæ бæстыхъæд дæр уыдон хуызæн у.
Регионы цæгатаг арæн у Таманы æрдæгсакъадах, курортон зонæ та байдайы Анапæйæ. Сау денджызы кавказаг былгæроны хуссар арæныл нымайынц Турчы паддзахадон арæн, ардыгæй байдайы денджызæн йæ анатолийаг былгæрон. Афтæмæй регионы дæргъ у 600 киломенты бæрц, уыдонæй 350 хауынц уæрæсейаг территоримæ.
Регионы ахсджиагдæр сахартæ сты (цæгатæй хуссармæ) Анапæ, Новороссийск, Геленджик, Туапсе, Лазаревское, Сочи, Гагрæ, Пицундæ, Гудаутæ, Сухум, Очамчырæ, Поти, Батум. Уымæй уæлдай адæмы уарзон курортæ систы иуæй-иу чысылдæр цæрæнрæттæ, уыдоны ’хсæн Кабардинкæ, Архипо-Осиповкæ, Джубгæ, Лермонтово, Абрау-Дюрсо, Дагомыс, Мацестæ, Хостæ, Лоо, Адлер, Ног Афон, Гулрыпш, Анаклиа, Ганмухури, Кобулет, Махинджаури, Гонио, Цихисдзири æмæ Чакви.
Ирыстоны цæрджытæ советон рæстæг уæлдайдæр бауарзтой Абхазы курорт Гудаутæ, уыдис дзы уылæфæн базæ «Осетия», кусын байдыдта 1970-æм азы (ныртæккæ хæлддзагæй лæууы[3]).
Сау денджызы кавказаг былгæроны характерон бæстыхъæд у субтропикон, хуссарырдæм кæны уымæлдæр. Ахæм бæстыхъæд фæзындис бæрзонд хæхты тæвагæй: рæгътæ нæ уадзынц регионмæ уазал цæгатаг дымгæтæ.
Къæвдатæ рауарынц афæдзы уазал рæстæг, сæрд та вæййы хурджын, скæны-иу æрмæстдæр 8-12 асæст боны.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Буланов С. Черноморское побережье Кавказа. Путеводитель. — М.: Аякс-Пресс. — 2005. — С. 96. ISBN 5-94161-152-8
- Веденин Ю. Рекреационные ресурсы СССР. — М.:Профиздат, — 1979. — С. 175.
- Доброхотов И. О. Черноморское побережье Кавказа. — СПб. — 1916.
- Зенкович В. Берега Чёрного и Азовского морей. — М., — 1958.
- Пачулиа В. П. Черноморское побережье Кавказа. Путеводитель для туристов. — М.: Профиздат. — 1980. — С. 240.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Черноморское побережье Кавказа на сайте Института географии РАН.
- ↑ дунейы бæстæтæй сæ фылдæр йæ хæдбардзинадыл нæма сразы сты æмæ ма йæ Гуырдзыстоныл нымайынц
- ↑ База отдыха «Осетия», съёмки 2019-го года