Алагир
Внешний вид
(Уæллаг Ир-æй æрвыст)
Сахар | |
Алагир | |
---|---|
уырыс. Алагир | |
43°02′ с. ш. 44°13′ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Сæргълæууæг | Уазиты Хъазыбег |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1850 |
Сахар кæдæй | 1938 |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘21 315[1] адæймаджы (2023) |
Национ сконд | ирæттæ, уырыссæгтæ |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 86731 |
Посты индекс | 363240 |
|
|
alagir.ru/city/ (уырыс.) | |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Алагир (уæллаг + Ир) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы сæйраг сахар.
Кæддæр Алагир æрзæткъахджыты посёлок уыди.
Истори
[ивын | Бындур ивын]- 1781 — æвæрд æрцыд Салыгæрдæны бындур.
- 1833 — Уæлладжыргомы фыццаг хатт ссардæуыд æрзæты рæдзæгъдтæ. Се ссарæг — Спиридон Чекалов.
- 1840 — Чекалов райдыдта æрзæтæй уадзын зды æмæ æвзист.
- 1843-æм азы 19 мартъийы паддзахы бардзырдмæ гæсгæ бацамындæуыд цæмæй «æфсæдтæ ифтонггонд цæуой хион, уæрæсейаг здыйæ». Йæ разамонæг Картерон кæмæн уыди, уыцы экспедицийы рапорты загъдæуыд: «æрзæты рæдзæгъдтæ кæм ис, уыдонæй тæккæ æууæнкагдæр у Уæлладжыргомы садойнаг гол».
- 1848 — фыццаг хатт хуызист æрцыд, суинаг заводæн цы зæххытæ нысангонд уыди, уыдон.
- 1849 — кънйаз Михаил Воронцов афæлгæста фидæны зды-цинчы заводы бынат.
- 1850-æм азы 17 февралы Императоры бардзырдмæ гæсгæ М.С. Воронцовæн баргонд æрцыд Ирыстоны йæ ном «Алагиры зды-цинчы завод», кæмæн уыдзæн, ахæм завод саразын. Заводы сæргълæууæгæй снысан чынди А.Б. Иваницкий.
- 1850 — хæххон инженер А.Б. Иваницкий æрæвæрдта Алагиры райдайæн училищейы бындур. Ахуырдонæн балæвар кодта, хицау кæмæн уыди, уыцы фондз дæсæтины. Уыцы зæххы фадыгыл сарæзтæуыд дыргъдон.
- 1853-æм азы 18 майы кæронмæ сæххæстæуыд Алагиры заводы арæзтад æмæ кадджын уавæры байгом чынди.
- 1853-æм азы 21 майы самал чынди, йæ уæз 26,5 джиранкайы кæмæн уыдис, сыгъдæг æвзисты ахæм къæртт. Хæххон инженер Иваницкий кадджын уавæры фыццаг æмтад лæварæн бахаста М.С. Воронцовæн. Уый та йæ æвзисты къæрт арвыста Никъала Фыццагæн. Императоры барамындмæ гæсгæ æвзистæй, Исаакийы аргъуанæн æмæ Бетъырбухы уæды заман кæй арæзтой скодтой донгæрзтæ æмæ сыл ныффыстой: «Изготовлено из первого серебра, выплавленного на Алагирском заводе 21 мая 1853 г.».
- 1853-æм азы 22 октябры байгом чынди Хуыцауы Уæлæрвтæм систы (Вознесения Господня) Алагиры аргъуан.
- 1863-æм азы, йæ ном Алагир кæмæн уыди уыцы сых (уырыс. слобода) сси хъæу.
- 1880-æм азы академик Всеволод Миллер уыди Алагиры сауджын Гатуты Алексеймæ уазæгуаты.
- 1880-æм азы январы Алагиры байгом чынди фыццаг скъола.
- 1888–1889 азты Хетæгкаты Къоста скодта Алагиры аргъуаны къулнывтæ.
- 1897-æм азы æхгæд æрцыд Алагиры завод.
- 1905-æм азы уыди Алагиры зæхкусджыты революцион змæстытæ.
- 1915-æм азы майы Сæлыгæрдыны зæхкусджытæ бацахстой акционерон æхсæнад «Алагир»-ы зæххытæ.
- 1920-æм азы сентябры Алагиры сарæзтæуыд фыццаг театралон труппæ.
- 1921-æм азы Алагиры байгом чынди хъæууонхæдзарадон техникум.
- 1922-æм азы байгом чынди фыццаг чиныгдон.
- 1923-æм азы майы кæронмæ ахæццæ ис Алагир—Даргъкъохы æфсæнвæндаг.
- 1928-æм азы райдыдта кусын хæдзарыдзаумайы (мебелы) фабрикæ.
- 1932-æм азы Алагиры сарæзтæуыд фыццаг машинæ-тракторон станцæ (МТС), йæ сæргъы Цъыдаты А., афтæмæй.
- 1933-æм азы сæвæрдæуыд типографийы бындур.
- 1934-æм азы скуыста Алагиры фыццæгæм хъæдфадæн завод.
- 1936-æм азы йæ фыццаг продукци рауагъта Алагиры агуыригæнæн завод.
- 1938-æм азы 28 августы УСФСР-йы Сæйраг Советы Президиумы бардзырдмæ гæсгæ Салыгæрдæн, Хърупс æмæ Алагиры хъæуæй арæзт æрцыд сахар Алагир (Цæгат Ирыстоны Алагиры районы центр).[2]
- 1942-æм азы ноябрæй декабры онг Алагир уыди немыцæгтæй окупацигонд.
- 1958-æм азы зæронд дзулфыцæн цехы бындурыл сарæзтæуыд дзулфыцæн завод.
- 1958-æм азы Алагиры футболон командæ «Спартак» рамбылдта республикæйы Хъалац (уырыс. кубок).
- 1959-æм азы МТС-ы бындурыл сарæзтæуыд «Алагиры радиотехникон завод».
- 1967 аз у Алагиры цæрмын пуртийы историйы райдиан.
- 1969-æм азы æрæвæрдæуыд Алагиры сахары æхсыры завод бындур.
- 1983-æм азы сарæзтæуыд Алагиры районы æвзонг техникты станцæ.
- 1985-æм азы Алагиры кæфтыты къорд «Фат»-æн лæвæрд æрцыд адæмон ансамблы ном.
- 1990-æм азы Уæрæсейы культурæйы министрады коллегийы Уынаффæмæ гæсгæ Алагир хаст æрцыд историон сахарты категоримæ.
- 2000-æм азы 7 октябры байгом чынди районы музейон-равдыстыты комплекс.
- 2000-æм азы Алагиры байгом чынди спортивон комплекс.
- 2003-æм азы райдыдта кусын концерн «ЛУКОЙЛ»-ы нефтыбазæ.
- 2004-æм азы майы байгом чынди Уæрæсейы федерацийы Пенсион фонды Алагиры хайад.
- 2004-æм азы июны байгом чынди сахармæ бацæуæны цур парк.
- 2004-æм азы 13 ноябры Алагиры уыди Уæрæсейы турнир уырыссаг шашкæтæй.
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Цæрджыты нымæц | ||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|
1926[3] | 1939[4] | 1959[5] | 1970[6] | 1976[3] | 1979[7] | 1989[8] | 1992[9] | 1996[9] |
4200 | ↗12 648 | ↗15 163 | ↗18 161 | ↘18 000 | ↗19 007 | ↗21 132 | ↗23 200 | ↗24 500 |
1998[9] | 2000[9] | 2001[9] | 2002[10] | 2003[9] | 2005[9] | 2006[9] | 2007[9] | 2008[9] |
↘23 700 | ↘23 100 | ↘22 700 | ↘21 496 | ↗21 500 | ↘20 500 | ↘20 300 | ↘19 900 | ↘19 700 |
2009[11] | 2010[12] | 2011[13] | 2012[13] | 2013[13] | 2014[13] | 2015[14] | 2016[15] | 2017[16] |
↘19 528 | ↗20 949 | ↗20 966 | ↘20 709 | ↘20 575 | ↘20 399 | ↘20 270 | ↘20 211 | ↘20 133 |
2018[17] | 2019[18] | 2020[19] | 2021[20] | 2023[1] | ||||
↘20 043 | ↘20 013 | ↘19 737 | ↗21 550 | ↘21 315 |
- Æппæт Уæрæсейы сфысты (2021) гæсгæ
Нацийы Хатт | Нымæц | % |
---|---|---|
Ирæттæ | 20 102 | 93,3 % |
Уырыссагтæ | 902 | 4,2 % |
Иннæтæ | 546 | 2,5 % |
Æдæппæт | 21 550 | 100 % |
Алагиры гимн
[ивын | Бындур ивын]- Цæгæраты Максим æмæ Гигойы ныхæстæ
- Уæллаг Ир, нæ фыдæлты авдæн,
- Дæ бонтæ дыл фарнæй цæуæнт.
- Дæ уарзон сыгъдæгзæрдæ адæм
- Хæларæй мыггагмæ цæрæнт.
- Дæ уæлдæф — æвдадзы хос рагæй,
- Дæ дыргътæ — æлутон, хæрзад.
- Дæумæ тындзæм алкæд фæндагæй,
- Дæуæй хæрæм алкæддæр ард.
- Лæгдзинадæй хайджын дæ фырттæ,
- Намыс æрхастой дæуæн.
- Уæллаг Ир — нæ фыдæлты авдæн,
- Фæрнæй дыл дæ бонтæ цæуæнт.
- Уæларвæй дæм хурзæрин худы,
- Æрттивыс йæ тынтæм ды дæр.
- Уæллаг Ир, тæхуды, тæхуды,
- Дæ зæххыл æнусмæ фæцæр.
- Дæ кады ном рагон у, рагон,
- Зарæг дæуыл у ныр дæр.
- У кадæджы аккаг дæ абон,
- Дæ фидæн та ноджы хуыздæр.
- Дæ уарзон сыгьдæгзæрдæ адæм
- Иумæ хæларæй цæрæнт.
- Уæллаг Ир — нæ фыдæлты авдæн,
- Фæрнæй дыл дæ бонтæ цæуæнт!
Алагиры сыхтæ
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
- ↑ Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
- ↑ 3,0 3,1 Население Северной Осетии . Датæ: 2016-æм азы 10 апрелы. Архив 2016-æм азы 9 апрелы.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1939 года. Численность городского населения СССР по городским поселениям и внутригородским районам . Датæ: 2013-æм азы 30 ноябры. Архив 2013-æм азы 30 ноябры.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1959 года. Численность городского населения РСФСР, её территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу . Демоскоп Weekly. Датæ: 2013-æм азы 25 сентябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1970 года Численность городского населения РСФСР, ее территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу. . Демоскоп Weekly. Датæ: 2013-æм азы 25 сентябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1979 года Численность городского населения РСФСР, ее территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу. . Демоскоп Weekly. Датæ: 2013-æм азы 25 сентябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1989 года. Численность городского населения . Архив 2011-æм азы 22 августы.
- ↑ 9,00 9,01 9,02 9,03 9,04 9,05 9,06 9,07 9,08 9,09 Народная энциклопедия «Мой город». Алагир
- ↑ Всероссийская перепись населения 2002 года. Том. 1, таблица 4. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, районов, городских поселений, сельских населённых пунктов - райцентров и сельских населённых пунктов с населением 3 тысячи и более . Архив 2012-æм азы 3 февралы.
- ↑ Численность постоянного населения Российской Федерации по городам, поселкам городского типа и районам на 1 января 2009 года . Датæ: 2014-æм азы 2 январы. Архив 2014-æм азы 2 январы.
- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ 13,0 13,1 13,2 13,3 Оценка численности населения муниципальных образований Республики Северная Осетия-Алания на 1 января 2011-2015 годов . Датæ: 2015-æм азы 4 майы. Архив 2015-æм азы 4 майы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2015 года . Датæ: 2015-æм азы 6 августы. Архив 2015-æм азы 6 августы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2016 года
- ↑ 2017-æм азы 1 январы Уæрæсейы Федерацийы цæрджыты нымæц (31 июлы 2017). Датæ: 2017-æм азы 31 июлы. Архив 2017-æм азы 31 июлы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2018 года . Датæ: 2018-æм азы 25 июлы. Архив 2018-æм азы 26 июлы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2019 года . Датæ: 2019-æм азы 31 июлы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2020 года . Датæ: 2020-æм азы 17 октябры. Архив 2020-æм азы 17 октябры.
- ↑ Таблица 5. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, городских округов, муниципальных районов, муниципальных округов, городских и сельских поселений, городских населенных пунктов, сельских населенных пунктов с населением 3000 человек и более. Итоги Всероссийской переписи населения 2020 года. На 1 октября 2021 года. Том 1. Численность и размещения населения (XLSX). Датæ: 2022-æм азы 1 сентябры. Архив 2022-æм азы 1 сентябры.
- ↑ 21,0 21,1 Цагаева А. Дз. Топонимия Северной Осетии — Владикавказ: Ир, 2010 — с. 623