Цыми (Алагиры район)
- Дайраны комы хъæуы тыххæй кæс Цыми.
Хъæу | |
Цыми | |
---|---|
42°41′40″ с. ш. 43°58′46″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↗29[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 86731 |
Посты индекстæ | 363225 |
|
Цыми у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Нарыдон æмæ Мамысондон иу кæм кæнынц, уым.
Истори
[ивын | Бындур ивын]У Туалгомы рагондæр хъæутæй. Йæ фыццаг æрцæрæг Бигъуылайы мæсыг æвæрд уыдис Цмийы къæдзæхы фидар риуыл. Ам Бигъуыла суазæг кодта Гуырдзыйæ Кæсæгмæ фистæгæй цæуæг кæсгон кънйаз Иналы фырт Хетæджы. Бæллиццаг уыдысты Бигъуылайы цæрæн бынат æмæ фадæттæ. Йæ хъæу лæууыд стыр фæзы. Йæ мæсыг — Цмийаг комы доны галиу был фидар къæдзæхыл.
Йæ хуымзæххытæ — йæ алыварс. Буц уыди Цмийы стыр хъугомæй. Фосхизæнтæ, хосгæрст зæххытæ æмæ хъæд — парахат Цмийаг комы уæлвæзты, фæхсыты æмæ адæгты. Суæрттæ хæстæг — Æрыдоны доны фæйнæ фæрсты.
Азæй-азмæ рæзти хъæу. Бирæ кодтой Бигъуылайы байзæддæгтæ. Фæстагмæ сæ фарсмæ æрцардысты Дзанайтæ, Гуыбатæ, Хетæгкатæ.
Цмийаг комы доны рахиз фарс стыр фæзæй дардмæ зынд зынгæ ирон фыццаг дохтыр Хетæгкаты Андухъапары дыууæуæладзыгон цъæхсæр хæдзар. Сæрды бонты Бетъырбухæй ссæугæйæ-иу дзы йæ фæллад уагъта Андухъапар, дзæбæх кодта йе ’мбæстон æвæгæсæг рынчынты.
Ам, йæ мады амарды фæстæ, хъомыл кодта, адæмæн йæ фæлмæн зæрдæйæ зындгонд Хетæгкаты Чендземæ ирон адæмы уарзон хъæбул Хетæгкаты Къоста.
Хъæуы астæу нырма лæууы чысыл, фæлæ рæсугъд рагон аргъуан, æмæ дзы цæрджытæ пайда кæнынц культурон æмæ æхсæнадон хъуыддæгтæн.[2]
Мыггæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Цардысты дзы Бигъуылатæ, Кæсæбитæ, Гуыбатæ, Дзанайтæ.[3]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 77—78.
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 244 ф.