Згъил

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Згъил
42°39′24″ с. ш. 43°49′33″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 5[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекстæ 363223
Згъил (Уæрæсе)
Згъил (Цæгат Ирыстон)

Згъил (уырыс. Згил) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Мамысонгомы.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Мамысонгомы рæбинаг хъæу Згъилы фыццаг æрцæрæгыл нымад уыдис Уæлладжыры комы Нæзыджынæй балидзæг Челды. Бирæ рæстæджы хъал Челдытæ, комы цæрджытæй сæхи бæрзонддæр кæныныл архайгæйæ, сæхи хуыдтой Цæразонтæй. Хъæу азæй азмæ рæзти. Челдытæ фылдæрæй фылдæр кодтой. Фæстагмæ сыл бафтыдис Моураутæй, Кæмæдзатæй æмæ Дзугатæй фæйнæ хæдзарвæндаджы.

Челдыты 2 мæсыджы æмæ Моурауты мæсыг уыдысты сæ зæрдæдарæн фидæрттæ.

Хъæуы цæрæн фадæттæ, Мамысонгомы æппæт хъæутимæ абаргæйæ, уыдысты бирæ фадатджындæр. Згъилы хъугом, Джебетъайы, Суары фæзы, Хориты, Хъыцойты, Лæгъуызты æмæ Басоты хуымтæ уыдысты сæ бæркадхæссæг. Сæ сæрвæттæ: Къубалæджы фæз, Къозы ком, Джебетъайы ком, Згъилы фæз æмæ Бебеты ком уыдысты цалдæр хъæуы фаг.

Хæстæг æмæ æнцонгуыст уыдысты сæ уыгæрдæнтæ: Худисæн, Хъæбæрхал, Хæрисджын, Къозыком, Додонастæу, Булкъатæ æмæ Джебетъа.

Æмбисонд сты Згъилы суæрттæ; Къубалæджы суарыл саразæн ис куырой, уымæй уæлдай Къартайы, Згъилы æмæ Сæгуытты суæртты хæрзаддзинад дардыл у хъуыстгонд.

Хъæу æвæрд у лæгъз быдыры. Цæст не ’ххæссы йæ хуымзæххытыл, йæ сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнты стыр фæзтыл, сугджын адæгтыл æмæ кæрдæгджын кæмттыл.

Сæ фосхизæнты, сæ хосгæрстыты, сæ бирæ зæххытыл алы куыстыты рæстæг сæ цуры уыдысты хæрзад æмæ хæрзхъæд Бубы дон, Къозы дон, Зымæгон дон æмæ Уилæн дурты дон. Згъилы комы, Дзуары комы æмæ Бебеты комы дæттæ. Се ’ппæт баиу сты Згъилы раз æмæ сæ равзæрд Мамысонгомы дон. Згъилыл уыдис сæ фæндаг Мамысоны, Булкъаты, Хъефселты, Къозы æмæ Зымæгон æфцджытыл фистæгæй кæнæ саргъы бæхыл цæуæг адæмæн.

Хъæуæн йæ ныхмæ, Мамысоны доны рахиз фарс, ис стыр уæлмæрд. Уæлладжыры æмæ Туалгæмтты æппæт хъæуты уæлмæрдтæй хицæн кæны йæ цыртытæй. Ам ис 2-3 метры бæрзæндæн цъæх къæйтæй цыртытæ. Фылдæр ингæнтыл ис фæлдæхт стыр къæйтæ. Цыртытыл фыст нæй, кæд æмæ кæмæн сагъд æрцыдысты, уый.[2]

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Челдытæ, Моураутæ, Дзугатæ, Хъаммæрзатæ.[3]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 96—98.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 247-æм ф.