Сæхæггатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Сæхæггатæ
42°52′29″ с. ш. 44°06′12″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Сæхæггатæ (Уæрæсе)
Сæхæггатæ (Цæгат Ирыстон)

Сæхæггатæ у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Мызуры хъæумæ ’ввахс.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Таурæгътæм гæсгæ Стыр Мызуры цур, Ксурты фарсмæ, æрцард Цæразонты Сихъойы фырт Сæхæг йæ 4 фыртимæ. Сарæзта дзы хæдзар. Ксурты æрцæрæг Баскатæ уый куы базыдтой, уæд æм бацыдысты. Се ’хсæн ныхас расайдта загъдмæ æмæ Баскатæ Сæхæджы амардтой. Йæ фырттæ Макко, Толпар, Золо æмæ Цæрæкимæ бафидыдтой. Хæдзар схъæу ис. Схуыдтой йæ Сахæгкаты хъæу. Фырттæй алчи дæр сси хицæн мыггаг — Магкотæ, Толпартæ, Золойтæ, Цæрæктæ æмæ æрвадæлтæй цардысты сæ фыды номыл арæзт Сахæгкаты хъæуы.

Мызуры æхсæнадæн сæ иумæйаг ныхас уыдис Стыр Мызуры.

Суг амал кодтой Тары комы хъæдæй Алардыйы цæгатæй, Ксурты мæ Сахæгкаты хъæдтæй, Ходы цæгатæй.

Донцух сæ нæ уагътой: Хæрисджын комы дон, Цады дон, Алардыйы дон, Ксурты дон, Сахæгкаты дон, Ногхъæуы дон, Суларты дон æмæ Фæсхохы суадон. Сæ фос æфсæст уыдысты бæрзонд хæхты рæбынты: Æлдары уыгæрдæн, Сæгъдуцæны рагъ, Гæрæгоны лæгъзытæ æмæ Хъарм хуссары фæлмæн кæрдæгджын хизæнтæ æмæ уыгæрдæнты хосæй.

Уæлладжыры комы æмæ Ирыстоны иумæйаг бæрæгбæттимæ ма сæм уыдис сæхи бæрæгбæтты кувæндæттæ: Булгахы Уастырджи, Ксурты тхост, Мызуры хъæуы зæд, Сахæгкаты Уацилла æмæ Санайты Уастырджи.[1]

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Магкотæ, Толпартæ, Золойтæ, Цæрæктæ.[2] 1930-æм азы Сæхæггаты цæрджытæ алыгъдысты быдырмæ.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 45.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. 249 ф.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]