Уарцъе

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Уарцъе
42°40′19″ с. ш. 43°59′08″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекс 363227
Уарцъе (Уæрæсе)
Уарцъе (Цæгат Ирыстон)

Уарцъе (уырыс. Варце) у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Горийæ фæндаг цæуы Уарцъегомы доны галиу былтыл Уарцъемæ. Фыццаг хъæу, Худисæны, цардысты Ногъайтæ фараст хæдзарæй. Азæй азмæ къаддæргæнгæ цыдысты æмæ ма дзы баззад дыууæ хæдзары. Сæ цуры Дзанайтæ æмæ Годжыцатæ цардысты цæгаты, Фырæты хъæуы. Фалдæр, Магалийы та дзæвгарæй — Годжыцатæ. Ацы хъæуы цæрæг Годжыцаты Къæбер уыдис Туалгомы зынгæ куырд. Йæ арæзт кард хъеллау кодта бирæ ацæргæ лæгты фæрстыл. Йæ конд цæфхæдтæ бирæ бæхты ныфсхаст кодтой ихтыл хъалцыд кæнынмæ. Йæ арæзт дзывыры æфсæныл хуымы сыджыт нæ хæцыд, дурыл цъула нæ кодта.

Комы рæбын Хъуртайы цардысты Ногъайтæ. Бирæ саунæмыгдзауты-иу бауазæг кодтой саунæмыг афон. Уарцъегом у цыбыр. Æрдзы рæсугъддзинадæй хайджын. Хуссæрттæ сты цæрæн бынæттæ, хуымзæххытæ, фосхизæнтæ æмæ хосгæрст зæххытæ. Цæгæттæ сты хъæдджын æмæ халсарджын бынæттæ. Алы мыггагæн дæр уыдис хицæн хъæд, хицæн уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттæ. Ацы ком раздæры адæм хуыдтой Уары ком.[2]

Сыхтæ[ивын | Бындур ивын]

Уарцъейы ис 3[3] сыхы:

  • Фырæтыхъæу кæнæ Фырæтæ — цæрынц дзы Джанайтæ
  • Магали — цæрынц дзы Годжысатæ
  • Хъурта — цæрынц дзы Годжысатæ

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 102—103.
  3. Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975.