Перейти к содержанию

Уæллаг Фыййагдон

42°50′00″ с. ш. 44°18′13″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Посёлок
Уæллаг Фыййагдон
42°50′00″ с. ш. 44°18′13″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Центры бæрзæнд 970 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 1124[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекстæ 363203
Уæллаг Фыййагдон (Уæрæсе)
Уæллаг Фыййагдон (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Уæллаг Фыййагдон кæнæ Фыййагдон, Хохы Фыййагдон (уырыс. Верхний Фиагдон) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Куырттаты комы æрзæткъахджыты посёлок, комæн йæ административон центр.

Аразын æй байдыдтой 1959 азы, Фыййагдоны æрзæтыссæн фабрикæ куы сарæзтой, уæд. Ацы бынат хуыдтой «Æхсаби». Сарæзтой дзы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, клуб, библиотекæ, астæуккаг скъола, хæрæндон, ресторан, дзулфыцæн завод, æмæ сæ ном дæрдтыл кæмæн айхъуыстис, ахæм сывæллæтты рынчындон.[2]

1970 азы дзы царди 2,8 мин адæймаджы, 2005 азы та — мин адæймаджы бæрц.

Уæллаг Фыййагдонæй хуссарырдæм лæууы Алайнаг нæлгоймæгты моладзандон.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Куырттаты ком æмæ куырттатæгтæ / Чиныг сарæзтой Гуыриаты Т., Мырзаганты М. æмæ æнд. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2007. — 464 ф.