Мызур
- Хъæуы тыххæй кæс Уæллаг Мызур.
Посёлок | |
Мызур | |
---|---|
42°51′ с. ш. 44°03′ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1829 |
Раздæры нæмттæ | Мызурыбын |
Посёлок кæдæй | 1941 |
Центры бæрзæнд | 1124 м |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↗3166[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекстæ | 363220 |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Мызур кæнæ Мызуры бын[2], Мызурыбын[3] у æрзæткъахджыты посёлок Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Мызуры лæууы æрзæтдзæбæхгæнæн фабрикæ, «Электроцинк»-æн æрзæт чи цæттæ кæны, уый.
Цæрынц дзы 2,7 мин адæймаджы (2005-æм азы статистикæмæ гæсгæ).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Кæддæр Стыр Мызур æмæ Мызуры хъæуты алыварс бæрзонд къæдзæхты фæстæ стыр æмæ тæгтæ уæлвæзты, арф æрхыты æмæ хохрæбынты куы сырæзтысты Мызуры приходы хъæутæ, уæд се ’ркомкоммæ Æрыдоны доны тæккæ галиу былыл, къæдзæхты хъæбысы, цалдæр уæрдоны суадзыны фаг цы чысыл уæлвæз уыдис, уый хуыдтой Мызурыбын.
Фæстæдæр Садоны æрзæткъахæнтæ кусын куы райдыдтой, уæд уæлвæз ралæгъз кодтой, къæдзæх арф бакъахтой æмæ дзы сарæзтой æрзæтссæн фабрик. Фабрикаразджытæн æмæ йæ кусджытæн бахъуыд рæстæгмæ цæрæн бынæттæ аразын. Рæстæг куыд цыдис, афтæ уæлвæзы иу иннæйы фæдыл аразын байдыдтой кусджыты хæдзæрттæ, æмæ Мызурыбын сси кусджыты стыр хъæу. Фабричы тых сырæзти ног нырыккон техникæйы руаджы. Ныртæккæ ссы Садоны, Æрхоны, Холысты æмæ Зджыды æрзæткъахæнты æрзæт.
Садоны æмæ Зджыды æрзæт фабрикмæ цæуы хæхты сæрты ауыгъд телтыл вагæтты. 1941 азы 17 майы УСФСР-ы Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ Мызурыбын сси Мызуры посёлок.
Ныр ам ис кусджыты стыр æмæ райдзаст клуб, фарастуæладзыгон цалдæр хæдзары, æфснайæн кассæ, посты хай, кинотеатр, скъола, сывæллæтты цæхæрадон, посёлочы депутатты æххæстком, алыхуызон дуканитæ. Кæртытæ æмæ уынгтæ æмбæрзт сты асфальтæй.
Посёлочы царды фадæттæ æмных лæууынц горæты цæрджыты царды фадæттимæ. Горæттæ Алагир, Беслан, Дзæуджыхъæу æмæ бирæ хъæутæй Мызурмæ цæуынц автобустæ. Мызуры посёлокмæ цæгатæй бæрзонд къæдзæхы риуæй зыны Къорайы хъæу. Ам кæддæр цардысты Хъуппетæ. Сæ хæдзары хæлдтыты ’хсæн æрдæгкалдæй лæууы сæ мæсыг.[3]
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Цæрджыты нымæц | |||||
---|---|---|---|---|---|
1959[4] | 1970[5] | 1979[6] | 1989[7] | 2002[8] | 2010[1] |
4387 | ↗4499 | ↘3975 | ↗4005 | ↘2883 | ↗3166 |
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. Ф. 187
- ↑ 3,0 3,1 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1959 года. Численность городского населения РСФСР, её территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу . Демоскоп Weekly. Датæ: 2013-æм азы 25 сентябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1970 года Численность городского населения РСФСР, ее территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу. . Демоскоп Weekly. Датæ: 2013-æм азы 25 сентябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1979 года Численность городского населения РСФСР, ее территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу. . Демоскоп Weekly. Датæ: 2013-æм азы 25 сентябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1989 года. Численность городского населения . Архив 2011-æм азы 22 августы.
- ↑ Всероссийская перепись населения 2002 года. Том. 1, таблица 4. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, районов, городских поселений, сельских населённых пунктов - райцентров и сельских населённых пунктов с населением 3 тысячи и более . Архив 2012-æм азы 3 февралы.