Къадат
Хъæу
Къадат
|
Къадат у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Куырттаты комы.
Истори[ивын | Бындур ивын]
1854-æм азы Къадаты цардис 19 хæдзары, æдæппæт 171 адæймаджы. Хъæуæй ма баззадис мæсыджы хæлддзæгтæ æмæ цалдæр зæппадзы. Геологон-сгарæн куыстатæ куы кодтой хъæуы раз, уæд ын йæ цæрджыты арвыстой. Сæ иу хай æрцард Уырыхъæуы æмæ Уæллаг Фыййагдоны.[1]
Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]
Къадаты цардысты Хъуылатæ, Мæзлуатæ, Налдыхъуатæ, Таучелатæ, Сехъотæ, Брциатæ, Гæгуылатæ, Калмантæ, Гуымецтæ, Габысатæ, Цехъотæ.[2]