Перейти к содержанию

Бурон

42°47′44″ с. ш. 44°00′26″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Бурон
42°47′44″ с. ш. 44°00′26″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 361[1] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 363224
Бурон (Уæрæсе)
Бурон (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Бурон у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Уæлладжыргомы. Бурон раздæр хуындис Цъуали[2], Цъуалы.[3]

Цæрынц дзы 465 адæймаджы (2005).

Нузалæй Буронмæ фæндаг цæуы Æрыдоны доны рахиз фæрсты. Ам, Буроны, раздæры Цъуалыйы фæуд кæны Уæлладжыры ком. Ис дзы бирæ цæрджытæ, скъола, дуканитæ, хæрæндон, посты хай, клуб, поселочы адæмон депутатты Советы æххæстгæнæг комитет.

1954 азæй хæссы кусджыты поселочы ном. Цæрджытæ æфсæст сты электрон рухсæй, хæтæлты уагъд донæй.

Ам XX æнусты 60—70 азты куыста æрзæткъахæн. Фæлæ æрзæт чысыл дæттын кæй райдыдта, уый тыххæй æхгæд æрцыд.[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  2. Туаты Иван. Мæ уарзон Туалгом: Публицистикон уацтæ. - Дзæуджыхъæу. Ир, 1999. 108-æм ф.
  3. 3,0 3,1 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 57.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]