Ецъына
Хъæу | |
Ецъына | |
---|---|
42°41′00″ с. ш. 44°04′43″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад |
![]() |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 0 адæймаджы |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекс | 363206 |
|
Ецъына у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы.
Истори[ивын | Бындур ивын]
Лйайы доны галиу фарс, Ецъынайы комы рахиз былыл, Ецъынайы цардысты Дзанайтæ, Бырнацтæ æмæ Еналдытæ. Ам уыдис райдайæн скъола. Йæ фыццаг ахуыргæнæг уыдис Джиоты Тотрадзы чызг Мара. Раздæры ахуыргæнæг 86-аздзыд Бырнацты Лади куыд дзуры, афтæмæй скъола сарæзтой Гуыркъуымты комы цæрджытæ иумæйаг сходы уынаффæмæ гæсгæ сæхи хардзæй. Хъæдæрмæг ластой Хъæды сæрæй Мамысоны æфцæгыл. Скъолайы арæзтад баргонд уыдис йæ амидингæнджытæ Бырнацты Габо æмæ Джиоты Къостайæн.[1]
Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]
Цардысты дзы Дзанайтæ, Еналдытæ, Бырнацтæ.[2]
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 114.
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 244 ф.
Литературæ[ивын | Бындур ивын]
- Цховребова З. Д. Ойконимия Осетии. Юго-Осетинский научно-исследовательский институт им. З. Н. Ванеева. Цхинвал, 2003. 63 С.