Тоборза

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Тоборза
42°41′48″ с. ш. 44°00′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Тоборза (Уæрæсе)
Тоборза (Цæгат Ирыстон)

Тоборза у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Цмийаг комы доны фæрсты фæндаг цæуы Тоборзамæ. Доны галиуæрдыгæй уæлæуæз сынæгæй зынынц Хуырымты цæрæн хæдзæрттæ æмæ æртæ хæстон мæсыджы. Сæ иуы фарс æркъахыр, иннæмæй цалдæр дуры рахауд, æртыккаг, авдуæладзыгон мæсыг, у æнæхъæн æмæ йæ диссаджы кондæй адæймаджы стыр дисы ’фтауы.

Ардæм Æрхонæй балыгъд Хуырым æмæ æрцардис Бигъуылайы зæххыл. Йæ хъæуы схуыдта Тоборза. Абайты Васо куыд амоны, афтæмæй Тоборза у венгрийаг дзырд æмæ амоны кафт. Кæй зæгъын æй хъæуы, Æрхоны комимæ абаргæйæ, Цмийаг комæй Хуырымы зæрдæ кодта рухс æмæ агуырдта кафын. Уымæн æрцардис тыххæй Бигъуылайы зæххыл дæр.

Цыдысты азтæ, бонтæ. Фылдæрæй-фылдæр кодтой Цмийы Бигъуылатæ, Тоборзайы — Хуырымтæ. Фæстæгмæ нал фидыдтой сæ зæххытыл. Сæ быцæу азæй азмæ тынгæй-тынгдæр кодта. Хыл хылы фæдыл, над нады фæдыл, афтæмæй рæстæг рæстæджы ивта.

Фæстагмæ сæм адæмы уайдзæфтæ бахъардтой. Кæрæдзийæ чызг курын райдыдтой. Æрсабыр, æрлымæн сты, æмæ сыл зæххытæ дæр æххæссын байдыдтой.

Ууыл Туалты ахæм ныхас баззади: «Ау, Хуырымтæ æмæ ма Бигъуылаты хæст дæр куы банцади».[1]

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Хуырымтæ.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 79.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 244 ф.