Перейти к содержанию

Хълиат

42°40′11″ с. ш. 43°52′20″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Хълиат
42°40′11″ с. ш. 43°52′20″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Хълиат (Уæрæсе)
Хълиат (Цæгат Ирыстон)

Хълиат (уырыс. Клиат) у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Мамысонгомы.

Тлимæ хæстæг Хълиаты комы рахиз фарс, уæлвæндаг, къæдзæхы риуыл æрæнцад Хълиаты хъæу. Мамысонгомы æппæтæй зынвадатдæр уыдис. Йæ цæрджытæ Цъæхойтæ, Токтæ, Гоцъойтæ, Албегатæ, Къадзатæ æмæ Боцитæ цардысты, сæ фæсчъылдымы цы хосгæрст æмæ фосхизæн зæххытæ уыдис, уыдоны цинæй. Сæ хъæу ахæм бæрзонд къæдзæхыл æвæрд уыдис, æмæ уæлхæдзарæй коммæ акæсгæйæ зылди адæймаджы сæр. Комы дымгæ сæ хоста æдзухдæр. Зымæг сæ тымыгъ æддæмæ ракæсын нæ уагъта. Пайда кодтой Хълиаты комы, Цъити быны, Лæгæткомы, Уыгæрдæнгомы æмæ Гуыдыргомы чысыл дæттæй æмæ комы суадонæй; Хълиаты æмæ Бæхты суæрттæй; Хълиаты æмæ Бобайы хъæдтæй; Додонастæу, Цъитийы бын, Салайы ривæддон, Æхсæрдзæнысæр, Хълиаты ком æмæ Лæгæтгомы сæрвæттæй; Суары, Габоты, Базыгуаты, Гуыбылойты æмæ Цъуйбæласы уыгæрдæнтæй; Дæргъыты, Цъыфты, Дæлдзуæртты, Джитойы æмæ Мичийы хуымтæй.

Цъæхойты мæсыг æмæ 2 гæнахы, Токты мæсыг æмæ Боциты гæнах уыдысты хъæубæсты ныфс бахъуыды рæстæджы.[1]

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Токтæ, Боцитæ, Гоцъойтæ, Къадзатæ, Мамыттæ, Цъæхойтæ, Æлбегатæ, Саухалтæ.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 91.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 246 ф.