Перейти к содержанию

Тли (Цæгат Ирыстон)

42°39′57″ с. ш. 43°53′31″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Тли
42°39′57″ с. ш. 43°53′31″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Тли (Цæгат Ирыстон) (Уæрæсе)
Тли (Цæгат Ирыстон) (Цæгат Ирыстон)

Тли у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Мамысонгомы.

Тибæй дыууæ километры фалдæр дæлвæндаг, Тлийы комы дыууæ фарсыл йæхи айтыгъта Тлийы хъæу. Хурæй æфсæст, зæйæ æдас, зæххæй рæвдыд, дымгæйæ хъахъхъæд бынат. Хæлар бинонтау, уыдысты йæ цæрджытæ Суантæ, Къадзатæ, Токтæ, Цъæхойтæ æмæ Гаматæ.

Ардæм Суантæ балыгъдысты Уæллаг Уыналæй, Къадзатæ та — Луарæй. Тлийы хъугом, Æддаг фæз, Цъасы, Уасæджы æмæ Зæнджы уыдысты сæ хуымзæххытæ. Тлийы комы чысыл доныл сын уыдис æнæбары къада куырæйттæ дæр.

Сæ сæрвæттæ æмæ хосгæрст зæххытæ уыдысты: Гобайы уыгæрдæн, Додына, Хълиаты ком, Тамаджын, Рецъы уыгæрдæн, Тлийы ком, Гыццыл фæз æмæ Уынгæг ком.

Тлийы хъæд, Комкоммæ хъæд æмæ Стыр хъæд уыдысты цæгаты, æмæ сæ суг ласын хъуыди зын уавæрты. Хъæуæн уыдис Сантхосы, Хуыцауы, Таранджелозы æмæ Майрæмы кувæндæттæ. Хъæуы фарсмæ уыдис рагон аргъуан. Ныр йæ бындуры дуртæ æмæ кæлæддзæгтæ арф хæмпæлы бын фесты. Ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй аргъуан уыдис Зруджы Майрæмимæ иу рæстæджы æмæ иу архитектурон хуызы арæзт (X—XI æнустæ).

Хъæуы фидар æмæ фидауц уыдысты Суанты æмæ Къадзаты мæсгуытæ, 2 гæнахы æмæ галуан.

Ацы хъæуы цæрæг Къадзаты Бетъре Муртуйы фырт 1921 азы С. М. Кировы разамындæй 11-æм æфсады хæйттæ Гуырдзыйы меньшевикты дæрæн кæнынмæ куы цыдысты, уæд сын уыдис фæндагамонæг æмæ активон æххуысгæнæг. Æфсæддонты разæй астæумæ миты лæгæрста, афтæмæй сæ Мамысоны æфцæгмæ æмæ æфцæджы тызмæг фæзилæнты æдас рæттыл кодта Глурмæ.[1]

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Суантæ, Къадзатæ, Гаматæ, Цъæхойтæ.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 89—90.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 246 ф.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]