Перейти к содержанию

Тиб

42°40′17″ с. ш. 43°54′37″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Тиб
42°40′17″ с. ш. 43°54′37″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 34[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекстæ 363246
Тиб (Уæрæсе)
Тиб (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Тиб у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Мамысонгомы.

Зæрæмæгæй 6—7 километры фалдæр Тибы зæхмæ иу уалдзæг Уæлладжыры комæй уынæг бацыдысты Кучи æмæ Боци. Фæзылдысты хуымты бынæттыл, уыгæрдæнтыл æмæ сæрвæттыл, федтой хъæдтæ æмæ дæттæ. Бынат сæ зæрдæмæ тынг фæцыди æмæ сæ бæрцыты цы хоры нæмгуытæ бахастой, уыдон байтыдтой хуымы бынæттæн равзæрст зæххыты. Æвзар фæзыныны афон куы ’рхæццæ, уæд сæм бæрæггæнæг бацыдис Кучи.

Æвзартæ куы федта, фæстæдæр ставд, нæрст æфсиртæ куы радтой, уæд дзы йæхицæн цæрæн бынат æркодта. Йæ мæсыг æмæ йæ хæдзæрттæ ныууагъта Стыр Мызуры йæ сыхæгтæн æмæ нæуджытæ аразын райдыдта Тибы стыр быдыры.

Ныууагътой Боцитæ æмæ Гусойтæ Ногхъæу, Мызур æмæ Суларты ’хсæн сæ чысыл хъæу æмæ балыгъдысты Тибмæ. Æрцахстой стыр хъугом æмæ дзы æрцардысты хицæнæй. Ам сырæзт Боцитыхъæу иуæй иннæ бæрзонддæр цыппар мæсыгимæ.

Тиб сси адæмæн уарзон цæрæн бынат æмæ йæм алы рæттæй лидзын байдыдтой алы мыггæгты минæвæрттæ. Æрцардысты дзы 9 мыггаджы авд хицæн хъæутæй; Тибы — Кучитæ, Икъотæ æмæ Багатæ; Нагъорайы — Джергатæ; Уелты — Гоцъойтæ, Тедетæ, Къадзтæ æмæ Айлартæ; Боциты хъæуы — Боцитæ; Тимцъынайы, Тадиты æмæ Уанты дæр — Кучитæ.

Алы хъæуы дæр уыдис мæсгуытæ, фæлæ азты дæргъы æдзæрæгæй æрцыдысты хæлддзаг уавæрмæ. Боциты цыппар мæсыгæй ма иу, Гомелайы мæсыг, у æнæхъæн.

Уелты цы 5 мæсыджы уыдис, уыдонæй ма лæууы Къадзты мæсыг. Ахæм уавæры ис Тадиты хъæуы Кучиты мæсыг дæр. Ацы æртæ мæсыджы æрæмбæрзын æмæ бахъахъхъæнынæн бирæ фæрæзтæ бæргæ нæ хъæуы. Уый стыр лæвар уаид фидæны фæлтæртæн.

Иннæ 18 мæсыджы: Боцитыхъæуы — Боциты 3, Уелты 4, Къадзты, Тедеты, Гоцъойты æмæ Айларты мæсгуытæ. Тибы Кучиты 6 æмæ Багаты мæсыг, Нагъорайы Джергаты мæсыг, Тимцъынайы Сыхайты, Сæхмæтты æмæ Бабайты 3 мæсыджы. Хæдзæртты хæлдтыты æхсæнæй уæлæмæ нал зынынц æмæ Тибы 7 хъæуы бакастæй зæрдæ уазал кæны.

Тибы авд хъæуы уыдысты дон æмæ зæйæ æдас рæтты. Сæ хуымзæххытæ, куырæйттæ æмæ дон уыдысты сæ алывæрсты. Суары фæзы Тибы зындгонд суар се ’ппæты дæр æфсæста.

Тиб куыд рæзти, афтæ сси Мамысонгомы культурон æмæ административон центр. Ам уыдис Тиб-Мамысоны приходы иумæйаг къæнцылар, райдайæн скъола, дукани æмæ посты хай. 1859-æм азы арæзт аргъуан.

1783-æм азы Мамысонгомы цы 17 хъæуы уыдис, уыдоны цардис 1304 хæдзары, уыдонæй Тибы 7 хъæуы — 210 хæдзары.

Сæ хуымзæххытæ уыдысты Тибы хъугом, Уелты фæз, Боциты хъугом, Уантæ, Силохтæ, Тимцъынайы хъугом, Сæхмæтты, Бæгъуыты, Блиты æмæ Джергаты хуымтæ.

Суг ластой Дзуары, Лæгуынты, Тымбыл, Чъырададжы, Стыр æмæ Къадзты хъæдтæй, Бæласы æмæ Цады сæртæй.

Хос карстой Бæгъуыты, Халацъайы, Арсы, Къадзты æмæ Сыхайты уыгæрдæнты, Бароны комы, Тецъы фæтæны, Къадзайы æмæ Чъыры адæгты, Бæххизæн æмæ Зруджы рæгътыл.

Сæ фосхизæнтæ уыдысты Суары фæз, Дуарау, Нагъора, Лиайы къул, Скæсæн, Бадзойы цъыфтæ, Гуылхæрæн æмæ Халацъа.

Сæ сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ дард, фæлæ парахат уыдысты Зруггомы, Халацъагомы, Тимцъынайы, Ракъададжы, Къæйты æмæ Суары кæмтты.

Коммунистон парти æмæ Советон хицауады стыр аудындзинады фæрцы 1966-æм азы Тибы райдыдтой бæрæггæнæн æмæ ныззилыны куыстытæ æмæ ныронг стонын кодтой суары 20 алыхуызон гуырæнæй фылдæр.

Уыдонæй иу разынд Трусковецкы суарæй хуыздæр, æмæ йæм бæстæйы алы кæрæттæй цæуын байдыдтой адæм æмæ, цатырты цæргæйæ, дзæбæх кæнынц ахсæнты, уыргты æмæ игæрты низтæ.

Тибы суæртты ахадындзинад у æгæрон бирæ, уымæ гæсгæ 11-æм фондзазоны райдыдтой Тибы санатори аразын.[2]

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Кучитæ, Боцитæ, Айлартæ, Тедетæ, Икъотæ, Гоцъойтæ, Къадзтæ, Багатæ, Джергатæ, Гамахартæ.[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 87—89.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 246-æм ф.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]