Перейти к содержанию

Ксуртæ

42°52′10″ с. ш. 44°07′05″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Ксуртæ
42°52′10″ с. ш. 44°07′05″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 363203
Ксуртæ (Уæрæсе)
Ксуртæ (Цæгат Ирыстон)

Ксуртæ кæнæ Ксурт[1] у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Уæлладжыргомы.

Стыр Мызуры галиу фарс Урс хохы хъæбысы нæзы хъæды астæу Ксурты æрцардысты Урсдоны комæй балидзæг Сидæмоны байзæддæгтæ: Баскатæ, Кадитæ, Бидетæ, Уырыстæ, Беджызтæ, Бæройтæ æмæ Дауиатæ. Йæ фыццаг æрцæрджытыл нымад сты Баскатæ. Хъæуы цурты кæлы Ксурты диссаджы хæрзад æмæ уазал дон, кæцы зындгонд у Уæлладжыры комы цæрджытæн. Хъæуы цардæфсæст цард æвдисынц Баскаты æртæ мæсыджы æмæ галуан.[1]

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Баскатæ, Кадитæ, Бидетæ, Беджызтæ, Бæройтæ, Дауиатæ.[2]

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 44.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 249 ф.