Цъасем
Внешний вид
Хъæу | |
Цъасем | |
---|---|
42°40′51″ с. ш. 44°01′13″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 0 адæймаджы |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекс | 363225 |
|
Цъасем у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Туалгомы, Нарыкомы.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Скъолайы фæстæ цæхгæр æрлыг къæдзæхы сæрмæ Цъасемы цардысты Исахътæ, Дзапартæ, Колытæ æмæ Гаджитæ. Сæ хуымы гæппæлтæ — сæ алыварс. Сæрвæттæ — сæ фæстæ. Суг æмæ хосгæрст — дард. Цъасемæй хæрдмæ цæуы къахвæндаг Габатæм, уырдыгæй — Цъесмæ. Ацы чысыл хъæуы цардысты Епхитæ. Ныр дзы цæрæг нал ис. Пайда кодтой Цъесы комы донæй. Сæ цуры уыдис суадæттæ. Сæ фæстæты Лйайы рагъыл Тоборзайæ Гуыркъуымтæм уыдис къахвæндаг. Цъасемæй Семсайы ’хсæн Нары хуссарæй зынынц Бериты хæдзæртты кæлддзæгтæ. Ам цардысты Беритæ æмæ сæ хъæу раджы ныууагътой æдзæрæгæй.[1]
Мыггæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Цъасемы цардысты Дзапартæ, Исахътæ, Беритæ.[2]