Хидыхъус (Зруггом)
Внешний вид
- Куырттаты комы хъæуы тыххæй кæс Хидыхъус.
Хидыхъус у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Зруггомы. Цардысты дзы Хозитæ, Боцитæ.[1]
Истори
[ивын | Бындур ивын]Зруггомы фæсивæд ахуырмæ цыдысты Нармæ, Æрыдоны семинармæ, Дзæуджыхъæумæ æмæ æндæр рæттæм. Зруджы лæппуты кæсын æмæ фыссын сахуыр кæныныл фыццаг бафæлвæрдта Боциты Убæдз. Цалдæр лæппуйæ-иу æрæмбырд сты Хозиты Серджесты уæлхæдзармæ æмæ уым, тъæпæн бадгæйæ, къæйтыл грифелæй фыстой дамгъæтæ, кодтой хынцинæгтæ. Революцийы фæстæ Хидыхъусы сауджыны хæдзары байгом скъола æмæ уый фадат радта фæсивæдæн кæсын æмæ фыссын базонынæн. Фыццаг ахуыргæнæг уыдис Козаты Адам, уый фæстæ — Хозиты Иван, Гаджиты Маня, Бирæгъты Сардо, Бирæгъты Христофор, Кадзаты Сослан, Толпарты Хаджумар, Айдарты Маня æмæ фæстагмæ — Дарчиты Илья.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Цховребова З. Д. Ойконимия Осетии. Юго-Осетинский научно-исследовательский институт им. З. Н. Ванеева. Цхинвал, 2003. 63 С.
- Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975.