Перейти к содержанию

Ход

42°52′33″ с. ш. 44°00′40″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Ход
42°52′33″ с. ш. 44°00′40″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Центры бæрзæнд 1982 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 5[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 363246
Ход (Уæрæсе)
Ход (Цæгат Ирыстон)

Ход, дыгурон вариант у Хуад[2] у рагон ирон хъæу Уæлладжыры комы. Ход ис уæлхох быдыры, Урсхохы хъæбысы, денджызы æмвæзадæй 1982 метры бæрзонддæр, Садоны къуырфы сæрмæ.[3]

Хъæумæ хæстæг ис Ходы æфцæг (2609 м), кæцыйыл Урсхохы рагъы сæрты ис ахизæн Дыгуры районмæ. Хъæуы æмæ æфцæджы ’хсæн ис Уастырджийы кувæндон.

Ходы хъæумæ хæстæг Урсхохы рæбын ис Иры хæхты бардуаджы кувæндон Гуыдырты ком.

Ходы цардысты авд мыггаджы: Хъайтыхътæ, Дзугкойтæ, Едзитæ, Созайтæ, Гатетæ, Саухалтæ æмæ Джерджытæ.

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Географи

[ивын | Бындур ивын]
Хуымзæххытæ

Буртæ, Дыууæдонастæу, Дæлцыхцыры хуымтæ, Дæргъытæ, Къулы хуым, Уæлкъохца, Лæгæты сæр, Симоны хуым, Фæсхъæзджын, Фæсмус, Фæсцырт, Хуымыхъус, Фæсхуымыхъус, Хæмыцы хуым, Саумæртæ, Кæкийы хуымтæ, Дæлкуырдадз, Цулагон, Уырдыгæруайæн, Фæсдзуар, Фæскъохци, Хъæзджыны хуымтæ, Фæсхъæзджын.

Уыгæрдæнтæ

Дæлрæцау, Цæргæсыбын, Кæрствæд, Уыртæ, Гуылхæрæн рагъ, Къæхтæхсæн, Хъулондуры хосгæрст, Фæсхъæу, Гуыбынтæ, Фæсдзæгат, Цæгæрсæр, Гæркъайон, Хъæзджын, Бæлæгътæ, Фæсхъæзджын, Фæсчъыр, Фæсгæрон, Тынау, Сычъиных, Хъусæргæвдæн, Уастырджийы фæз, Фæссычъиных, Зыгъардуры ком, Ходон ракæсæн, Хуырхстæдтæ, Хъуынаджын, Дуцæндур, Дæлцъисон, Тымбыл уыгæрдæн, Саубын, Сауварс, Елойон, Джерджыдур, Æфцæджы бын, Адæгтæ, Уæллаг дисиджын, Дæллаг дисиджын, Хъуыдæйы хосгæрст, Хатион, Уартау, Къуырф уыгæрдæн, Рæцау, Рæцауы сæр, Рæцауфарс, Хуымварс, Худисæн, Хуыдзых, Цæвæндзыхъ, Цæгатысæр, Цъулагон.

Фосхизæнтæ

Æддаг хуымуат, Мидæггаг хуымуат, Фæсхурмæсыг, Уæллаг хурмæсыг, Дæллаг хурмæсыг, Фæсдауыдтон, Уариахсæн, Дæлдагъ, Гæлиу зæххытæ, Гуыдыртыком, Быпъынытæ, Цæджындзты ком, Бæхыгæрдæн, Сусæнтæ, Лæгæты фæрстæ, Хъомривæддон, Фыснайæнкъул, Сусæнтæ, Стырварс, Фардæг, Уæлгуырæйттæ, Фæсрагъ, Фæрстæ, Фыдуарæн, Авдæнау, Уæлгоммæ, Хъæдысæр, Уæллагдзуарау, Æрхизæнтæ, Æвзагаутæ, Бурлæзгъæр, Бадæнтæ, Дыууæдуарастæу, Дæлдарваз, Джигут, Къуыхцытæ, Куыдзтымус, Калмысæр, Майрæмызæнг, Сауысæр, Сондонвахс, Скъæрæнтæ, Сæгъдуцæн, Стырдур, Саукъæйтæ, Сындзджынфарс, Тамаджын уæлвæз, Тæдзынджытæ.

Хæхтæ, къæдзæхтæ

Урс хæхтæ, Арсæгоны къæдзæх, Дарваз, Æхсины зæнг, Гыццыл Дарваз, Куыдзæппарæн, Мæсыджы рагъ, Тæдзинкъæдзæх, Гайлайы къæдзæх, Цъиахты доны къæдзæх.

Дуртæ

Гуси-дур, Кæкийы дур, Цавддуртæ, Уæйыджы дыкк, Хъулон дур, Стыр дур, Дæллаг хъил дур, Уæллаг хъил дур, Цомары цырт, Зыгъар дур, Джерджы дур, Дуцæн дур, Фыры дур, Цъына дур, Хъил дур, Мадымайрæмы дур.

Лæгæттæ

Стыр лæгæт, Гыццыл лæгæт, Гуыбайы дарæн, Едзайы дарæн, Æхсынджыты лæгæт.

Къадакуырой зилæн дæттæ

Змæстдон, Фæсгæроныдон, Æддагдонгом.

Æфцджытæ æмæ рæгътæ

Ходы æфцæг, Цъисоны ’фцæг, Бирæгъты ’фцæг, Хъивоны ’фцæг, Ходон ракæсæн, Газийы къахыр, Авдæнауы рагъ, Стыр рагъ, Хъæды рагъ, Сæгъдуцæны рагъ.

Суадæттæ

Цыхцыр, Дæлцыхцыр, Цад, Къохца, Стырдуры суадон, Къæхтæхсæн, Хъуынаджын, Цъиахты суадон, Кæрствæды суадон, Цъысымты дон, Хуымыхъусы суадон, Бадæнты суадон, Дæлсусæнты суадон, Хилджыны суадон, Кæндысджыны суадон, Хъазæнлæгъзы суадон, Сычъиты суадон.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999
  3. Хъайтыхъты Азæмæт. Сафайы рæхыс: Таурæгътæ, æмдзæвгæтæ, царды хабæрттæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2008 — 271 ф.
  4. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
  5. 5,0 5,1 Едзиты А. Уæллаг Ходы таурæгътæ. — Мæскуы: СЕМ. 2016 — 120 ф.
  6. Список населенных мест Терской области : По сведениям к 1 янв. 1883 г. — Владикавказ, 1885. — С. 11.
  7. Список населенных мест Терской области : (по данным к 1-му июля 1914 года) — Владикавказ, 1915. — С. 246–247.
  8. Список населенных мест Северо-Кавказского края. — Ростов на Дону, 1925. — С. 500–501.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]