Перейти к содержанию

Лисыри

42°40′06″ с. ш. 43°51′30″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Лисри-æй æрвыст)
Хъæу
Лисыри
42°40′06″ с. ш. 43°51′30″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 1[1] адæймаг (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекс 363203
Лисыри (Уæрæсе)
Лисыри (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Лисыри кæнæ Лисри у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы æдзæрæг хъæу. Ис Мамысонгомы. Хъæуы астæуты цæуы Лæгæтгомы дон.

Хъæуы ис чырыстон аргъуан.

Хълиаты фарсмæ сæрзилæн лæбырдтæй куы бахизай, уæд дæлæуæз комы Мамысоны доны тæккæ был тъæпæнæй йæ бирæ мæсгуытимæ зыны Лисри. Уырдæм Паддзахвæндагæй азилын хъæуы галиуæрдæм æмæ ныццæуын хъæуы бынмæ гакъон-макъон фæндагыл.

Хъæуы астæуты цæуы Лæгæтгомы дон æмæ йæ кæны дыууæ дихы. Арæзт ыл сты хъæуы куырæйттæ æмæ цалдæр хуымæтæг хиды. Йæ цæрджытæ Сидахътæ, Дарчитæ, Айлартæ, Добатæ æмæ Моураутæ цардысты хæлар æмæ уарзонæй. Фидыдтой сæ зæххытыл. Ныхасы бадынæн сын уыдис цъæх нæуу хъæуы фарсмæ стыр къуыппыл. Йæ цуры — къаннæг рæсугъд аргъуан æмæ райдайæн скъола.

Сидахъты Симон куыд радзырдта, афтæмæй аргъуан арæзт æрцыд адæмы иумæйаг сходы уынаффæмæ гæсгæ. Æвзæрст лæгтæ зылдысты хæдзаргай, æмæ алчи йæ хай æнæкъуылымпыйæ хаста.

Мæздæджы епископæй ракуырдтой æххуыс, æмæ сын уый скодта проект. Бегарайæ æмбырд кодтой æмæ ластой донбылæй æмæ æндæр рæттæй дур. Сисамайджытæ уыдысты Сидахъты Къоста æмæ Добаты Бечи. Аргъуан куы сцæттæ, уæд хъæубæстæ скодтой стыр куывд.

Бæгæныйæн зад, ссад æмæ кусæрттагæн мысайнæгтæ æмбырд кодтой, заргæ æмæ æмдзæгъдгæнгæйæ хæдзар-хæдзар зилгæйæ.

Кусын райдыдта XX æнусы 10-æм азты. Уый фæстæ та ахæм мадзалæй сарæзтой скъола дæр.

Ацы хъæуы раздæры цæрджытæ, Дарчиты хистæртæ Дзапар, Майрæм, Гришæ, Илья, Ладимыр æмæ Иван сæ мыггаджы равзæрды тыххæй кæй ныффыстой, уым амонынц, зæгъгæ, дам, Лисримæ æрцæуæг Лалдыйæн райгуырд иунæг фырт æмæ йæ схуыдтой Дарчи. Дарчийæн райгуырд цыппар фырты: Сидахъ, Моурау, Реуаз æмæ Дади.

Сидахъ æмæ Моурауæн цæуæт куы рацыд, уæд сысты хицæн мыггæгтæ: Сидахътæ æмæ Моураутæ. Реуаз æмæ Дади скодтой мыггаг сæ фыд Дарчийы номыл — Дарчитæ. Æвæццæгæн, Мамысонгомы дон сæ рæзты æмæ Лæгæтгомы дон се ’хсæнты кæй цыдысты, Лæгæтгомы къæдзæхтæ сæ цуры кæй уыдысты, уымæ гæсгæ дурарæхæй нæ бацауæрстой Лисрийы цæрджытæ мæсгуытæ амайыныл æмæ сæм уымæ гæсгæ ис иуæй иннæ бæрзонддæр æртындæс мæсыджы. Уæдæ дызæрдыггаг нæу, сæ диссаджы дзæбæх цæрæн бынатæн æддагон тыхгæнæгæй дæр æдас кæй нæ уыдысты.

1921 азы февралы 11-æм æфсады хæйттæ Мамысоны æфцæгыл куы хызтысты, уæд Сидахъты Максийæн хæсгонд æрцыдис æфцæгыл хуымæтæг бæлццоны хуызы ахизын æмæ Глурæй Кутаисмæ телефоны телтæ алыг кæнын. Макси йæ хæс баххæст кодта. Телтæ алыг кодта, стæй ма цалдæр телыхъæды дæр афæлдæхта.

Лисрийы зæххыл сты: Сæрдыгон, Зымæгон, Хъруйы, Сæгуытты, Цæгаты æмæ Хуырджын суæрттæ. Къæйы комы æмæ Бебеты комы хъæдтæ, сæ фарсмæ Лисрийы хъугом, Зæнгты, Хæрæнты æмæ Уæлдзуары хуымтæ дæр. Сæ хосгæрст зæххытæ: Айларты уыгæрдæн, Саудуры фæз, Гуыдырау, Къуырфытæ æмæ Уартау. Сæ фосхизæн сæрвæттæ: Мидæггаг фæз, Гуыдырау, Баккойы къултæ, Даргъ цъына, Лæгæтгом æмæ Сидахъты къултæ. Рæгъаудон сын уыди Къæйты комы.[2]

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Дарчитæ, Сидахътæ, Моураутæ, Долойтæ, Кучитæ, Икъотæ, Рæмонатæ, Тегкатæ, Епхитæ, Добатæ.[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 91—94.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 246 ф.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]