Моураутæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Моураутæ (уырыс. Моураевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Мамысонгомы цæрæг Моураутæн сæ мыггаджы номы равзæрд баст у гуырдзиаг дзырд «Моурави»-имæ. Ацы дзырд нысан кодта хицауады нысангонд лæг, къухдариуæг кодта гыццылдæр кæнæ стырдæр административон цæрæнбынатæн. Моурауты мыггаг кæй ис, уый ма ууыл дæр дзуры, æмæ Мамысонгомы цæрджытæн ахæм нысангонд лæгтæ кæй къухдариуæг кодтой. Таурæгъмæ гæсгæ, Моураутæ равзæрдысты Дарчиты мыггагæй, уымæ гæсгæ ма сын сæ сылгоймæгты æрæджийы онг дæр Дарчионтæ хуыдтой.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.