Перейти к содержанию

Айлартæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Айлартæ
Рагон мыггаг Кусæгонтæ
Æрвадæлтæ Гусалтæ / Æмбалтæ, Дзугатæ
Кæм цардысты Хъæдысæр, Урсдоны ком, Цъæйы ком, Туалгом, Къора
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Айлартæ (уырыс. Айларовы) сты ирон мыггаг.

Мыггаг равзæрд Ос-Бæгъатыры фырт Цъæхилы астæуккаг фыртæй Уæлладжыры комы, Урсдоны хъæуы. Айлартæ ацы хъæуы цæргæйæ сбирæ сты, æмæ сæ иуæй-иутæ зæххагур фæцыдысты æндæр рæттæм. Афтæмæй Айларты мыггагæй фæзынди Цъæйы, Арвыкомы, Хуссар Ирыстоны, Дыгургомы. Айлартæн хæстæг мыггæгтыл нымайынц Дзугатæ æмæ Æмбалты. Айларты мыггагæй Дыгуры коммæ чи æрбалыгъд, уыцы лæг, дам, Цъæйы кæйдæр амардта æмæ йæ туджджынтæй йæхи бафснайдта Дыгуры комы. Ам æрцард Хонсары хъæуы, ус ракуырдта æмæ ссис бындурон цæрæг. Фæстæдæр йæ цæуæтæй бирæтæ алыгъдысты Дымтæм, уырдыгæй та Къорамæ.

Æрвадæлтæ

[ивын | Бындур ивын]

Зындгонд адæм

[ивын | Бындур ивын]

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 36.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 31.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 356.