Дарчитæ
Дарчитæ[1] (уырыс. Дарчиевы, гуырдз. დარჩიშვილი, დარჩია[1]) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Дарчи царди Уæллагхъæуы къуыбырыл. Хъæуы алыварс иуылдæр уыди хъæд. Дарчийæн ма æфсымæр дæр уыди. Æфсымæр Мидгъæуы дзуары тигъæй акаст æмæ хъæды æрдуз федта. Бæлæстыл бæрджытæ кæнгæ цыд, æмæ æрхæццæ æрдузмæ, ныр Лисри кæм и, уырдæм. Уæд дон ничердыгæй зынди æппындæр, хъуынайы бын уыди. Æркаст æмæ загъта, ам цæрæнбæстæн хорз уаид, дон дзы нæй æндæра. Дон агуырдта æмæ æхсæв уым баззади. Уæд Дарчи загъта, уæдæ ме 'фсымæр цы фæци. Йæ бæрæггæнæнтыл ын 'рцыди, æмæ раст уыцы æрдузмæ æрхæццæ æмæ йæм хъæр кодта — кæм дæ, цы фæдæ? Уый та агуырдта дон. Уый фæстæ йе 'фсымæримæ хъæуы уæле лæгæтгомы дон дæр ссардтой.
Æрхастой хор, мæнæу. Бафæлварæм æй, загътой, цымæ дзы цы зайы. Байтыдтой дзы хоры нæмгуытæ дæр, мæнæуы нæмгуытæ дæр. Æмæ фæззæджы, иу ныхасæй, цæппæргай, æхсæзгай æфсиртæ скодтой. Уæд æрлыгъдысты уырдæм Дарчи, Доба, Морау, Сидахъхъ. Уыдон иуылдæр, Добайы йеддæмæ, сты иу мыггаг, ныр кæд фæйнæ мыггагыл фыссынц, уæддæр. Ныртæккæ дæр сын сæ чызджыты Дарчионтæ хонынц. Æфтгæ та, хъуамæ, Дарчи мæ йе 'фсымæр Гуырдзыйы 'рдыгæй æркодтаиккой. Уым бирæ ис Дарчишвилитæ.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.