Перейти к содержанию

Уæлладжыры фæндаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Уæлладжыры фæндаг

Уæлладжыры фæндаг[1][2] (уырыс. Военно-Осетинская дорога) у, Кавказы Сæйраг рагъыл (Стыр хохыл) чи цæуы æмæ Кутаис æмæ æфсæнвæндаджы станцæ Даргъкъох чи бæтты, уыцы фæндаг. Сарæзтæуыд 1897-æм азы. Ирон текстты йæ хонынц Уæлладжыры комы фæндаг[3] æмæ Паддзахфæндаг[4], Паддзахвæндаг[5], Æфсæддон-Ирон фæндаг[6], Мамысоны фæндаг[6].

Йæ дæргъ у 275 км. Фæндаджы бæрзонддæр фадыг у Мамысоны æфцæг (2911 м). Иры хæстон фæндагыл траспорты цыд баст у, ацы фадыгыл цы боныхъæд ис, уыимæ.

Административон æгъдауæй фæндаг дих у æртæ фадыгыл:

Транскавказы автомагистралы сарæзтæй фæстæмæ Иры хæстон фæндаджы транспортон ахадындзинад дзæвгар фæкъаддæр.

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Русско-Осетинский словарь. Составил В.И. Абаев. 25.000 слов. Государственное издательство иностранных и национальных словарей. Москва, 1950. С. 63
  2. Хозиты Федыр. «Уæлладжыры комыл — Туалтæм». Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. Ф. 60
  3. Беруаты Барисы уац «Уæлладжыры комы фæндаг», газет «Рæстдзинад», 2010 азы 25 август
  4. А. Дз. Цагаева, Топонимия Северной Осетии. Часть II. Издательство «Ир» Орджоникидзе, 1975. С. 283–284.
  5. Айларты И. Мамысоны æфцæгыл: Роман — Æртыккаг чиныг — Дзæуджыхъæу. Ир, 1995 — 283 ф.
  6. 6,0 6,1 Цхуырбаты З.Д., Дзиццойты Ю.А. Хуссар Ирыстоны топоними. Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн ин-т. - М.: Наукæ, 2013. I-æм том, 514 ф.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]