Хид (арæзтад)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сызгъæрин кулдуар

Хид у аразгæ амаддзаг цæугæдон кæнæ комы сæрты. Адæймаг незаман базыдта хидтæ аразын, фыццаг хидтæ хъæдæй аразт уыдысты.

Тынг аив æмæ фидар дурын хидтæ аразтой ромаг адæм — абон дæр цалдæр раны лæууынц, уыдонæй цы хидтæ баззадысты.

XIX æнусы аразджытæ байдыдтой хидтæ згъæрæй аразын: цæнгæт, уый фæстæ та æндонæй.

XX æнусы адæм базыдтой æфсæнбетонæй аразын: уыцы æрмæгæн ис иу иттæг ахсызгон миниуæг — æндонæй хъауджыдæр æфсæнбетонон амаддзæгтæ ахорын нæ хъæуы.

Уæрæсейы фыццаг æфсæнбетонон хидтæй иу лæууы Дзæуджыхъæуы астæу (стадион «Динамо»-йы цур), революцийы агъоммæ уыцы хидыл цыдысты трамвайтæ, ныр та къахвæндагон хид сси. Ныртæккæ у аварион уавæры.

Commons
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Bridge