Перейти к содержанию

Æрхон

42°49′57″ с. ш. 44°06′26″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Æрхон
Иван Липовой. Æрхон (1890-тæ)
Иван Липовой. Æрхон (1890-тæ)
42°49′57″ с. ш. 44°06′26″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 10[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекстæ 363221
Æрхон (Уæрæсе)
Æрхон (Цæгат Ирыстон)

Æрхон (уырыс. Архон) у хæххон хъæу Цæгат Ирыстоны. Хуыссы Æрхоны комы, кæцы Уæлладжыры комæй фæрсмæ ацæуы. Æрхоны комы дæргъмæ згъоры Æрхоныдон æмæ кæлы Æрыдоны цæугæдонмæ.

Хъæуы мидæг æмæ йæ цуры археологтæ ссардтой рагон аланты ныггæндтæ.

Æрхон у Уæлладжыры комы рагондæр хъæутæй. Ис дзы VII — IX æнусты зындгонд алайнаг дзæппæзтæ. Йæ хурыскæсæн фарс ис рагон уæлмæрд, хуыйны Царциаты уæлмæрд.[2]

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрхоны цардысты Икъатæ, Хуыдæлтæ, Гофинтæ, Бæцойтæ, Темырхъантæ, Кобестæ, Илатæ, Цæлойтæ, Хъарацатæ, Тихилтæ, Цопанатæ, Алхазтæ, Мелыккатæ, Хуырымтæ, Бесатæ, Лекътæ, Хосонтæ, Хъаммæрзатæ, Бекмæрзтæ, Хæмæтатæ, Газатæ, Цомайтæ, Кæлутæ.[3]

Æрхоны ис 4[4] сыхы:

  • Хъигър
  • Бусæрты сых
  • Икъатæ
  • Цомайтæ

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 249 ф.
  4. Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]