Перейти к содержанию

Икъатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Икъатæ, дыгурон вариант у Екъатæ[1] (уырыс. Икаевы) сты ирон мыггаг.

Дыгуры коммæ Икъатæ æрбалыгъдысты Уæлладжыры комæй, Æрхоны хъæуæй. Уыдысты æртæ ’фсымæры уым кæимæдæр фæтуджджын сты æмæ алыгъдысты Дыгуры коммæ, æрцардысты Дымты хъæуы. Ардыгæй æртæ æфсымæрæй иу алыгъд Махческмæ, иннæ та — Доныфарсмæ, стæй та — Лескенмæ, пысылмон дин райста. Иннæ дыууæ æфсымæры баззадысты чырыстонтæй.

Икъаты Владимир, Дигорайы сахары цæрæг куыд загъта, уымæ гæсгæ Икъатæ Уæлладжыры комы Тхамоны хъæуы фæтуджджын сты. Афæдзы дæргъы мæрдджынтæн хистытæ фæкодтой, бафыстой сын туджы фиддæн, бафидыдтой сæ туджджынтимæ, фæлæ сын хъæуы хистæрты уынаффæмæ гæсгæ уым цæрæн нал уыд. Дыууæ æфсымæрæй алыгъдысты Дыгуры коммæ. Дыгуры комы бафтыдысты Уæллагкомы зылдмæ æмæ æрбынат кодтой Хуссары хъæуы. Иннæ цыппар æфсымæры нæ бакуымдтой Дыгуры коммæ алидзын, фæлæ фæлыгъдысты сæ фыдæлы хъæумæ — Æрхонмæ. Ацы хъуыддаг, Дыгургоммæ цы æфсымæртæ алыгъд, уыдоны зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ загътой: «Абонæй фæстæмæ нал сты не ’фсымæртæ, Икъаты мыггагыл сæ нал нымайæм». Ацы уынаффæ ныффидар кæныны тыххæй топп фехстой. Хуссарыхъæуы сæ баззад иу æфсымæр, йæ ном — Майрæмыхъо. Йемæ баззад йæ хо дæр. Иннæ дыууæ æфсымæрæй иу ралыгъд Махческмæ, иннæ та — Дур-Дурмæ. Майрæмыхъойæн Хуссарыхъæуы райгуырд цыппар фырты: Бибо, Хуйман, Хъабан, Хазби. Сæ фылдæр фæлыгъдысты Дур-Дурмæ æмæ Чырыстонхъæумæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999 — 389 ф.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 95–96.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 76.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 129–132.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]