Хуырымтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хуырымтæ (уырыс. Хурумовы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Хуырымты фыдæлтæ цардысты Æрхонгомы, Тъæрайы. Уырдыгæй æфсымæртæ: Газа, Ила, Къобес, Хосон æмæ Зæйт быдырмæ лидзынвæнд скодтой. Уæлладжыры комы стыр фæндагмæ æрхызтысты æмæ уым баулæфыдысты. Куы сыстадысты, уæд Зæйт фæстæмæ комы мидæмæ аздæхти. Æфсымæртæ йæм фæсте дзурынц, кæдæм цæуыс, раздæх, зæгъгæ, адæм дон-дон дæлæмæ куы цæуынц, уæд ды кæдæм цæуыс? Уый сæм нæ хъусы. Уæд ын загътой: ды хуырым дæ æмæ цу, кæдæм цæуыс, уырдæм. Зæйт бацыд Туалгоммæ. Уым Бигъуыламæ бафысым кодта, æмæ йын зæгъы: искуы мын цæрæн бынат ратт. Уæд ын Бигъуыла загъта: ацу æмæ фен. Ацыд, ныр Тоборза кæм и, уым Бигъуылайæн уæтæртæ уыд, æмæ уым æрцард. Иу рæстæг дзы куы ацард, уæд ын Бигъуыла загъта: ныр мын цот рацыд æмæ мын мæ зæхх суæгъд кæн. Уый йын афтæ: æз ардыгæй никуыдæм цæуын. Кæд дæ мæ фарсмæ нæ фæнды, уæд ацу! Ууыл фезнаг сты, кæрæдзийы цагътой, фæлæ дзы уæддæр цæргæйæ баззадысты сæ дыууæ дæр. Йе 'фсымæртæ Зæйтæн «Хуырым», кæй бафидис кодтой, уый тыххæй йæ ном Хуырымæй баззад, æмæ йæ цот та уый номыл мыггаг рахастой.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Хуырымты Бибойы фырт Сергейы ныхæстæй таурæгъ ныффыста Цагъаты А. Æвæрд ис ЦИГСИИ-ы архивы, оп. 1, п. 144, д. 394.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]