Зруггом
Внешний вид
Зруггом | |
---|---|
Картæ | |
Зруггом кæнæ Зруг[1] (уырыс. Зругское ущелье, гуырдз. ზროგო) у ком Цæгат Ирыстоны Туалгомы, цæугæдон Зругдоны дæргъмæ. Зруджы культурон æмæ административон центр уыдис Хидыхъус.[2] Ныртæккæ Зруггом æдзæрæг у.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Хуссар Ирыстонмæ, Дзауы районы Леты хъæумæ хызтысты Дзедойы æфцæгыл. Мамысонмæ цыдысты Днуйы æфцæгыл, Халацъайы комыл, Джинатмæ та — Сайбаты рагъыл æмæ Æрчъигæнæны æфцæгыл.[2] Зруджы комы ис Хаситы суар.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Рагон хъобайнæгтæм Зруггом уыдис табуйаг бынат[3].
Зруггомы лæууы XI æнусы чырыстон аргъуан — Зруджы Майрæм[1] кæнæ Хозиты Майрæм.
Хъæутæ
[ивын | Бындур ивын]- Бирæгътыхъæу
- Гусалтæ
- Дзасых
- Зазитыхъæу
- Козатыхъæу (Козатæ)
- Къуыпп
- Нанитæ
- Потæ
- Таугазтыхъæу
- Фæзыхъæу
- Хаситæ
- Херхестæ
- Хидыхъус
- Хозитыхъæу
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975.
- ↑ 2,0 2,1 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
- ↑ О реставрации Зругского храма XI века(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (уырыс.)
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975.