Гаджитæ
| Гаджитæ | |
|---|---|
| Къабæзтæ | Таймазтæ[1] |
Гаджитæ (уырыс. Гагиевы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Нары хъæуккаг Гаджийы байзæддаг, æрцардысты Сласы, сарæзтой дзы фидар-гæнах æмæ хæстон мæсыг тæккæ айнæджы рындзыл. Сласы Гаджитæн дæр фæстагмæ зæхх нал фаг кодта æмæ фыдыфырттæй фæлыгъдысты — сæ иутæ Нардоны галиуварс Горийы æрцардысты, иннæтæ Нардоны рахизфарс, Тибсылийы, аннæтæ — Мидæггаг Зруджы, Таугазтыхъæуы æрбынат кодтой. Гаджийы байзæддагæй царди Джинаты комы Уарцъейы хъæуы æмæ Хуссар Иры Джоджорайы доны был Стырмæсыджы дæр. Стыр мæсыджы Гаджитæй иу — Таймаз — æрцард Леты. Уым йæ фырттæ Къора æмæ Хъайсынæй равзæрд мыггæгтæ Къоратæ æмæ Хъайсынтæ. Афтæмæй Къоратæ, Хъайсынтæ, Гаджитæ сты æртæ хицæн мыггаджы, сæ рагон фыдæл ты уыди Хетæг.
Сласы Гаджитæй иу — Исахъхъ — ахицæн йæ фыдыфыртæй, æрцард Цъасымы хъæуы æмæ йæ байзæддаг сæхи хонын байдыдтой Исахътæй. Ныртæккæ Ирыстоны хъæуты, стæй Лабæйы хъæуы цæрæг Исахътæ дæр сты Гаджийы цотæй баззайгæ мыггаг.[2]
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гутнов Ф. Х. Осетинские фамилии. — 2-е издание, дополненное. — Владикавказ: Респект, 2014. — 596 с. — ISBN 978-5-905066-15-3.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.