Æлбегатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æлбегатæ, Æлбегтæ (уырыс. Албеговы, тур. Erdoğan, Kılıç, Kaplan, Duman, Çetin, Duran, Altınok, Cidal, Ceylan, Özel[1]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Æлбегатæ кæддæр рынæй фесæфтысты, баззади ма сæ иунæг лæг — Хетæг, зæгъгæ. Цæргæ та Хынцæджы кодтой. Æхсæв ыл бон нал кодта, бон та йыл изæр нал кодта, мыггаджы быныл баззадтæн, ныр ма цы кæндзынæн, зæгъгæ. Уæд адæмæн балæгъстæ кодта, æз уæ мæрдты уазæг æмæ мын мæ мæрдтæн рухсаг зæгъут. Адæм сæхи барæвдз кодтой. Мыггаджы хæдзæртты, Хетæджы хæдзары ма цы уыд, уыдон дæр барæвдз кодтой, æмæ йын йæ мæрдтæн рухсаг загътой.

Уæд-иу Хетæг ныхасы адæмимæ абадти, æмæ йæ хъæлдзæг дардтой адæм, фæлæ-иу ыл æхсæв бон нал кодта. Æмæ уæд ныхъхъуыды кодта, ныр мæнæн мæ цард ницыуал у, адæм мæм бынылзадæй дзурдзысты, фæлтау удæгасæй мæхи баныгæнон. Иу бон изæрмæ зæппадзмæ дуртæ фæкалдта. Мидæмæ бахызт, æмæ йæ æхсæв йæхиуыл самадта, ныхасмæ куы нал разынд, уæд адæм дис кодтой, цы фæци Хетæг, иу уынæг æй куынæуал и? Уæд иу хъæддзау радзырдта: æртæ боны размæ йæ кæй федта зæппадзмæ дуртæ калгæ.

Зæрæдтæ загътой, цæмæй ацæуой æмæ уыцы зæппадзы дуар бабæрæг кæной. Ацыдысты, æмæ зæппадзы дуар — амад. Адæмыл апырхи уыцы хъуыддаг. Иу дæр йæ хæдзары нал фæлæууыди. Кусæгæй, бадæгæй æрæмбырд сты уыцы зæппадзы дуармæ. Адæм дзурынц Хетæгмæ мидæмæ:

— Хетæг, цæмæн афтæ бакодтай, адæмæн уыцы зæрдæрыст цæмæн сарæзтай?

— Нæй, нæй, хорз адæм, æфсæрмы уæ кæнын, фæлæ мæнæн æндæр гæнæн нæй.

Уæд адæм уынаффæйыл схæцыдысты. Цæвиттон чызг æмæ, дам, лæппуйæ Хетæг æмæ Бæтæгаты чындз уарзæттæ уыдысты. Хетæг кæмдæр хæтæны уыди, афтæмæй чызджы Бæтæгатæн радтой, æмæ, дам, чызг хъæццулы йæхи батыхта æмæ къуыри адæммæ нæ ракаст. Стæй йæ лæг амарди. Æмæ алыг кодтой: уый æркæнæм. Кæд уымæ рацæуид Хетæг.

Хистæр лæгтæ худаистæй æрлæууыдысты Бæтæгаты дуармæ æмæ бахатыдысты цæмæй Госæда бацæуа зæппадзы размæ, бахата Хетæгмæ, кæд Хетæг зæппадзы дуæрттæ бакæнид æмæ рацæуид зæппадзæй. Бæтæгатæ загътой, мах ын афтæ куы зæгъæм, афтæ бакæ, зæгъгæ, уæд зæгъдзæни: Ай-гъай, базæронд дæн, мæ дарынæй сфæлмæцыдыстут æмæ мæ ныр зæрондæй моймæ дæттут, зæгъгæ. Фæлтау ын йæхицæн зæгъут.

Бацыдысты йæм адæм. Загътой йын. Госæда сразы, йæхи сфæлдыста. Адæм æрæмбырд сты. Разæй Госæда хъарæггæнгæ бацыд Хетæгмæ. Хетæг зæппадзы дуæрттæ бакодта. Рахызт зæппадзæй. Адæм æй æрхуыдтой йæ хæдзармæ.

Уыцы уарзондзинад сæ зæрдыл æрлæууыд Хетæг æмæ Госæдайæн, цæрынтæ байдыдтой, фыдæбæттæ фæсфæд æрæвæрдтой. Госæдайæн Бæтæгатæм цот нæ рауад, фæлæ йын ныр райгуырди цалдæр фырты æмæ Æлбегатæ уыдонæй смыггаг сты.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]