Куырттаты ком

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Куырттаты ком
Куырттаты ком
Картæ
Куырттаты ком (Цæгат Ирыстон)
Red pog.png
Куырттаты ком

Куырттаты ком у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хай. Куырттаты ком у къæдзæхты бæстæ.

Ис дзы тынг бæрзонд хæхтæ: Тъепле (йæ бæрзæнд у 4431 м), Сырхыбæрзонд (4148 м), Захъхъайы хох (3709 м), Хъæриуы хох (3438 м), Тыбауы хох (2780 м) æмæ рæгътæ — Чызджыты фæндаг, Цъæритгом, Бæхтылæппарæг, Хосæврагъ.[1] Уыдонæн сæ бæрзæнд хæццæ кæны 3000 метрмæ.

Комы цæуы Фыййагдон (Фыййаджы дон дæр æй хонынц), Уырдæм кæлынц Карцадон, Джизидон, Лæцыдон, Цъæритдон, Цъæззиуыдон, Дзамарас æмæ бирæ суадæттæ[2]. Дзывгъисæй дæлæмæ Быдыры Дзуарыхъæуы онг Фыййагдоны фæйнæфарс зайынц бæлæстæ (тæрс, тулдз, сусхъæд, фатхъæд, фæрв, æхсæр æмæ æндæртæ).

Куырттаты комы бынæттон хиуынаффæйады администраци у Уæллаг Фыййагдоны; уымæн цы хъæутæ хауы, уыдонæй цæрджытæ кæм ис, сты: Уæллаг Фыййагдон, Барзыхъæу, Лæц, Дæллагхъæу, Уырыхъæу, Цымыти, Хидыхъус, Хохы Дзуарыхъæу, Хæрисджын, Дзывгъис. Æдæппæт ацы хъæуты цæры 1450 адæймаджы.

Гуысыра æмæ Тæгæрдон хауынц Дзуарыхъæуы администрацимæ[кæцæй ист у?].

Куырттаты комы хъæуты æрцардысты 169 мыггаджы[2].

Æдзæрæг хъæутæ[ивын | Бындур ивын]

1780-æм азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Куырттаты комы адæм цардысты 21 хъæуы 807 хæдзары. 1812-æм азмæ ма комы баззадис 708 хæдзары. 1884-æм азы сфыстмæ гæсгæ комы хъæуты хæдзæрттæ æдæппæтæй уыдысты 496, цардис дзы 4867 адæймаджы.

Куырттаты комæй бирæ хъæутæ федзæрæг сты. Уыдоны ’хсæн Андиатыхъæу, Быгъуылтыхъæу, Гуытъиатыхъæу, Калотыхъæу, Гули, Къадат, Къора.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Мырзаганты Мухарбег. Куырттаты ком æмæ курттатæгтæ. Дзæуджыхъæу: «Аланыстон», 2007
  2. 2,0 2,1 Мырзаганты Мухарбег. Мырзаганты фыдыуæзæг. Дзæуджыхъæу: «Аланыстон», 1999. Ф. 10.