Перейти к содержанию

Золойтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Золойтæ
Рагон мыггаг Сидæмонтæ
Бындурæвæрæг Сæхæг[1] → Золо
Æрвадæлтæ Магкæтæ[2][3], Цæрæктæ[4][3], Толпартæ[4][3]
Кæм цардысты Сæхæггатæ, Гуылæр
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Золойтæ[4] (уырыс. Золоевы, тур. Aydoğan, Ayhan[5]) сты ирон мыггаг.

Золойты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы, Стыр Мызурмæ хæстæг, Сæхæггаты хъæуы. Сæ фыдæл Сихъоты Сæхæг (хъæу дæр уый номыл уыд) уыди Цæразонтæй. Сæхæгæн Сæхæггаты хъæуы райгуырд цыппар фырты: Толпар, Магка, Цæрæк æмæ Золо. Фæстагмæ ацы æфсымæрты нæмттæй равзæрди мыггæгтæ: Толпартæ, Магкатæ, Цæрæктæ, Золойтæ. Абон дæр ацы мыггæгтæ æрвадиуæг кæнынц, сæ хæстæгдзинад нæ рох кæнынц.

Сæхæджы фырт Золойæн ус нæма уыд, афтæмæй æрбалыгъд Дыгургоммæ æмæ æрцард Гуылæры хъæуы. Ам ус ракуырдта æмæ мыггаг скодта йæхи номыл — Золойтæ, зæгъгæ. Фæстагмæ Гуылæры хъæуы цæрджытæ: Золойтæ, Етдзатæ, Хуймантæ, Сабетæ æмæ Найфонтæ кæрæдзийæ æфсымæртæ загътой æмæ сæ дарддæр царды хъуыддæгтæ иумæ кодтой. Ард бахордтой кæрæдзийæ ус нæ курыны тыххæй, тугисын кæнæ тугфидын æгъдæуттæ иумæ кæнын, æзнæгты ныхмæ иумæ тох кæныны тыххæй. Фæлæ 1912 азы Етдзатæй иу Сабеты чызджы куы ракуырдта, уæд ацы фондз мыггаджы ардбахæрд фехæлд.

1886-æм азы Гуылæры цардис Золойтæй авд хæдзары. Тауасийы дыууæ фырты — Хосдзау æмæ Хъанцау. Бодзойы фырттæ: Хазби, Елизбар. Айдарухъы фырт — Абисал, Алийы фырттæ — Фацбай æмæ Дударыхъо. Бирæтæ сæ ралыгъдысты быдыры хъæутæм — Дур-Дур, Чырыстонхъæу, Сырх-Дыгурмæ.[4]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 45.
  2. Хъайтыхъты А. Ход. Таурæгъ æмæ цард. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1996 — 225 с.
  3. 1 2 3 Гутнов Ф. Х. Осетинские фамилии. — 2-е издание, дополненное. — Владикавказ: Респект, 2014. — 596 с. ISBN 978-5-905066-15-3.
  4. 1 2 3 4 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  5. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.