Зæронд Тæмискъ
Внешний вид
Зæронд Тæмискъ (Уæллаг Тæмискъ?[1])уыд хъæу Тæмисчъы комы.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Раздæр Тæмисчъы хъæууаты алфамблæйттæ уыдысты сæрдыгон æмæ зымæгон фосдарæнтæ. Адæм ардæм ралыгъдысты Цъамадæй. Хæхбæсты хор нæ цæттæ кодта, уæдæ дзы дон дæр фаг кæм уыд, æмæ 1881 азы æривтой коммæ. Фæлæ та сын ам дæр нæ разынд æххæст фадæттæ æмæ 1904 — 1905 азты лидзын байдыдтой ныры цæрæн бынæттæм — Мæнтæгджынмæ. Ардæм лидзын сæ паддзахы хицауад нæ уагъта æмæ тæмискъæгтæ æнæбафæрсгæйæ фæрв хъæд цæгъдын байдыдтой бæстыхæйттæн. Уый тыххæй 39 лæджы хицауад карз бафхæрдта.
Зæронд Тæмисчъы уыдысты Рæмонты, Гæбæлаты, Уырымты, Акъуырæты æмæ Гозымты хуымтæ.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Хъайттаты Сергей. Ирон хабæрттæ — 3-æм рауагъд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009 — 591 ф.