Бырнацтæ
Внешний вид
Бырнацтæ | |
---|---|
Бурнæцтæ | |
Æндæр вариант | Бурнацтæ |
Бындурæвæрæг | Хетæг → Джиуæрджи → Мамиа → Бырнац[1] |
Æрвадæлтæ | Кодзыртæ, Саутæтæ, Дзапартæ, Хлойтæ |
Кæм цардысты | Гуыркъуымтыком |
Бырнацтæ[1], варианттæ сты Бурнацтæ[1], Бурнæцтæ[2] (уырыс. Бурнацевы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Мыггаджы фыдæл Бырнац уыди кадджын Хетæджы къабазæй. Бырнац уыд Хетæджы иунæг фырт Георгийæн йæ иунæг фырт Мамийы æртыккаг фырт. Хетæджы фырт Георги цардис Гуыркъумты хъæуы, райгуырд ын дыууæ фырты — Мами æмæ Мамиа. Хистæр æфсымæр Мамийæн уыд æртæ фырты, сæ иу уыд Бырнац — Бырнацы мыггаджы фыдæл. Бырнац Гуыркъуымты хъæуы цæргæйæ бинонтæ æркодта æмæ йæ цоты мыггаг Бырнацтæй сси. Мыггаг куы сбирæ и, уæд æндæр рæттæм фæлыгъдысты — Уæлладжыры коммæ, Куырттаты æмæ Дайраны кæмттæм. Иутæ сæ æрбафтыдысты Дыгуры коммæ æмæ æрцардысты Стыр Дыгуры. Бырнацтæн хæстæг æрвадæлтыл нымад цыдысты: Кодзыртæ, Саутæтæ, Дзапартæ, Хлойтæ.[1]