Перейти к содержанию

Барзыхъæу

42°50′30″ с. ш. 44°18′43″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Бæрзыхъæу-æй æрвыст)
Хъæу
Барзыхъæу
42°50′30″ с. ш. 44°18′43″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 66[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекстæ 363210
Барзыхъæу (Уæрæсе)
Барзыхъæу (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Барзыхъæу[2] (уырыс. Барзикау) у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Барзыхъæу æрбынат кодта Фыййагдоны рахизфарс, ныры Уæллаг Фыййагдонæй чысыл цæгатырдæмдæр.

1854-æм азы ам уыдис 22 хæдзары æмæ 242 цæрæджы. Хъæуы цæрджытæ фыццагдæр кодтой æмæ ныр дæр кæнынц фосдарыны æмæ цæхæрадæтты куыст. Раджы заманæй ма хъæуы баззадис 6 мæсыджы, 4 зæппадзы, 3 уæлмæрды æмæ 2 кувæндоны.

Сæ иуы æрбынат кодта фæсивæдон центр «Фыранк».

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Барзыхъæуы цардысты Биджелтæ, Гæбуатæ, Гуыриатæ, Гæджынатæ, Джелытæ, Дзодзиатæ, Датъритæ, Парсиатæ, Тохтиатæ, Хæдарцатæ.[3]

Фенддæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
Цырт Куырттаты комы

Барзыхъæуы зындгонддæр цыртдзæвæнтæй иу у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфтис, уыцы хæстонты номыл. Цыртдзæвæн æвæрд æрцыдис хъæуы сæрмæ гыццыл обауыл. Скодта йæ скульптор Цорæты Дауырбег. Куырттаты комы цæрджытæй йын уыдис æххусгæнджытæ. Уыдонæй уæлдай æнувыддæрæй бакуыстой Хъуыбадты Джерихан, Гуыриаты Умар æмæ Циппус.[4]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. Ф. 111
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, ф.243.
  4. Мырзаганты Мухарбег. Куырттаты ком æмæ курттатæгтæ. Дзæуджыхъæу: «Аланыстон», 2007