Ксуртæ
Внешний вид
(Ксурт-æй æрвыст)
Хъæу | |
Ксуртæ | |
---|---|
42°52′10″ с. ш. 44°07′05″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 0 адæймаджы |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекс | 363203 |
|
Ксуртæ кæнæ Ксурт[1] у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Уæлладжыргомы.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Стыр Мызуры галиу фарс Урс хохы хъæбысы нæзы хъæды астæу Ксурты æрцардысты Урсдоны комæй балидзæг Сидæмоны байзæддæгтæ: Баскатæ, Кадитæ, Бидетæ, Уырыстæ, Беджызтæ, Бæройтæ æмæ Дауиатæ. Йæ фыццаг æрцæрджытыл нымад сты Баскатæ. Хъæуы цурты кæлы Ксурты диссаджы хæрзад æмæ уазал дон, кæцы зындгонд у Уæлладжыры комы цæрджытæн. Хъæуы цардæфсæст цард æвдисынц Баскаты æртæ мæсыджы æмæ галуан.[1]
Мыггæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Цардысты дзы Баскатæ, Кадитæ, Бидетæ, Беджызтæ, Бæройтæ, Дауиатæ.[2]
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Цховребова З. Д. Ойконимия Осетии. Юго-Осетинский научно-исследовательский институт им. З. Н. Ванеева. Цхинвал, 2003. 63 С.
- Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975.