Уæрæсе
Уæрæсейы Федераци | |||||
---|---|---|---|---|---|
Российская Федерация | |||||
| |||||
Уæрæсейы паддзахадон гимн | |||||
Официалон æвзаг | уырыссаг | ||||
Сæйраг сахар | Мæскуы | ||||
Стырдæр сахартæ | Мæскуы, Бетъырбух, Новосибирск, Екатеринбург, Дæллаг Новгород, Хъазан, Самарæ, Омск, Челябинск, Ростов-Доныл | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 17 125 187 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 4,22 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд (2023) | ↘146 447 424[1] ад. | ||||
• Сфыст (2021) | 147 182 123 ад. | ||||
• Æнгомад | 8,55 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2006) | 1,746 трлн.[2] долл. | ||||
Валютæ | Уæрæсейы сом | ||||
Интернет-домен | .ru, .su, .рф[3] | ||||
Код ISO | RU | ||||
ÆОК-ы код | RUS | ||||
Телефонон код | +7 | ||||
Сахатон таг | UTC+2 — UTC+12 | ||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Уæрæсе[1] (уырыс. Россия), официалон ном у Уæрæсейы Федераци (уырыс. Российская Федерация) у федералон æрдæгпрезидентон республикæ Евразийы цæгаты. Ныгуылæнæй скæсæнмæ æмарæн у Норвеги, Финлянди, Эстони, Латви, Литва, Польшæ, Белорусси, Украинæ, Абхаз, Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон, Азербайджан, Хъазахстан, Китай, Монголи æмæ Цæгат Корейимæ. Доныл ын ис арæн АИШ-ы штат Аляскæимæ æмæ Японимæ. 17 милуан квадратон километр ахсгæйæ, Уæрæсе у дунейы стырдæр бæстæ. Йæ цæрджыты нымæцмæ гæсгæ та у дунейы фарæстæм. Цæры дзы 142 милуан адæймаджы. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Мæскуы.
Уæрæсе у минералон æмæ энергион ресурсты стырдæр дарæг, нефт æмæ æрдзон газы стырдæр къахджытæй иу.
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Æдæппæтæй цæрджыты нымæц у 141 888,9 мин адæймаджы (1 июны 2008), дунейы цæрджытæй 2,13 %. Уыдонæй 4/5 цæрынц бæстæйы европæйаг хайы (Уралимæ). Адæмæй 73% цæрынц сахарты.
Уæрæсейы цæрынц 180 адæмыхаттæй фылдæр, уыдонæй уырыс сты 81,5% (2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ).
Ирæттæй сæ фылдæр хай цæрынц Уæрæсейы (Цæгат Ирыстон æмæ æндæр регионты).
Истори
[ивын | Бындур ивын]- Рагон Уырыс (уырыс. Древняя Русь), Киевы Уырыс (862—1242)
- Владимиры кънйазад (1157—1389)
- Мæскуыйы кънйазад (1246—1389)
- Стыр Мæскуыйы кънйазад (1389—1547)
- Уырысы паддзахад (1547-æм азы 16 январы — 1721-æм азы 22 октябры)
- Уæрæсейы импери (1721-æм азы 22 октябры — 1917-æм азы 1 сентябры)
- Уæрæсейы республикæ (1 сентябры — 1917-æм азы 25 октябры (7 ноябры))
- Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæ (сырæзт 25 октябры (7 ноябры) 1917-æм азы, 1922—1991 Советон Цæдисы сконды)
- Советон Социалистон Республикæты Цæдис (1922-æм азы 30 декабры — 1991-æм азы 26 декабры)
- Уæрæсейы Федераци (1991-æм азы 25 декабры — ныры рæстæг)
Сæйраг сахæртæ
[ивын | Бындур ивын]- 862—882 — Новгород
- 882—1243 — Киев
- 1243—1389 — Владимир
- 1389—1712 — Мæскуы
- 1712 21 майы—1728 — Бетъырбух
- 1728—1732 — Мæскуы
- 1732—1918 — Бетъырбух (1914-æм азы 18 августæй йæ ном уыд Петроград)
- 1918-æм азы 12 мартъийæ ныры рæстæгмæ — Мæскуы
Президенттæ
[ивын | Бындур ивын]- Борис Ельцин (10 июлы 1991— 5 ноябры 1996)
- Виктор Черномырдин (Хæстæ æххæстгæнæг; 5 — 6 ноябры 1996)
- Борис Ельцин (6 ноябры 1996— 31 декабры 1999)
- Владимир Путин (31 декабры 1999— 7 майы 2008)
- Дмитрий Медведев (7 майы 2008— 7 майы 2012)
- Владимир Путин (7 майы 2012 — ныры онг)
Æрдз
[ивын | Бындур ивын]Цæдтæ
[ивын | Бындур ивын]Байкал у дунейы арфдæр цад, стырдæр æрдзон æдзæхх донуат. Ладогæйы цад у Европæйы стырдæр æдзæхх цад.
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Æндæр арæх ном ирон æвзаджы у Уырыс.