Перейти к содержанию

Фареры сакъадæхтæ

61°58′12″ с. ш. 6°50′40″ з. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фареры сакъадæхтæ
фар. Føroyar
дан. Færøerne
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Гимн: «Tú alfagra land mítt»
Официалон æвзаг фарераг, даниаг
Сæйраг сахар Торсхавн
Стырдæр сахартæ Торсхавн, Клаксвуйк
Хицауиуæджы хуыз Данийы автономон регион
Паддзах Фредерик X
Бæрзонддæр комиссар Лене Мойелль Йохансен
Премьер-министр Аксель Йоханнесен
Территори
  Æдæппæт 1399 км²
Цæрджытæ
  Бахыгъд  54 503 ад.
  Æнгомад 38,6 ад./км²
Валютæ Даниаг кронæ
Интернет-домен .fo
Код ISO FO
ÆОК-ы код FRO
Телефонон код +298
Сахатон таг UTC±0:00[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Фареры сакъадæхтæ (Фарертæ) (фар. Føroyar [ˈfœɹjaɹ] — «Фысы сакъадæхтæ»; дан. Færøerne [ˈfeɐ̯ˌøˀɐnə]) у Цæгат Атлантикæйы 18 сакъадахы къорд, Норвеги, Исланди æмæ Стыр Британийы ’хсæн. Фарертæ сты Данийы автономон регион. Хиуынаффæйад 1948 азæй. Фарерты сæйраг сахар у Торсхавн.

Архипелаг ис æнгом традицион бастдзинад Исланди, Норвеги, Шетланды сакъадæхтæ, Оркнейы сакъадæхтæ æмæ Гренландимæ.

Фарераг хъæу

Фареры сакъадæхты рагон истори

[ивын | Бындур ивын]

Ирландийы моладзæнтæ зыдтой Фареры сакъадæхты тыххæй 500-æм азмæ æввахс[кæцæй ист у?]. 700 æмæ 800 азты астæу Шотландийæ рацæуæггæгтæ арцардысты сакъадæхты[кæцæй ист у?]. Викингтæ куы бахæццæ сты Фареры сакъадæхтæм IX æнусы райдайæны, уæд шотландиæгтæ сакъадæхтæй ацыдысты.

Дани æмæ Норвеги

[ивын | Бындур ивын]

XIV æнусы кæронмæ Фареры сакъадæхтæ уыдысты Норвегийы провинци. Стæй Фарертæ систы Данийы æмæ Норвегийы иумæйаг паддзахады территори, стæй 1815 азы Дани сси Фарерты иунæгон бардарæг. Сакъадæхты цæрджытæ сты скандинаваг адæм; фарераг æвзаг у рагон норвегаг æвзаджы байзæддаг.

Фарертæ Дыккаг дунеон хæсты. Бритайнаг оккупаци

[ивын | Бындур ивын]

1940 азы 11 апрелы Стыр Британийы сæйраг министр Уинстон Черчилль алыг кодта Торсхавны порты æрæвæрын крейсер. Стыр Британи сси Фарерты æфсады бардарæг 1940 азы апрелы, Данимæ Германы интервенцийы фæстæ. Бритайнаг оккупаци фæци 1945 азы сентябры. 8 мин бритайнаг салдаттæй фылдæр хайад истой Фарерты оккупацийы.

Хæсты фæстæ

[ивын | Бындур ивын]

1946 азы сентябры сусæг хъæлæслæвæрды фæстæ Фареры сакъадæхты парламент расидти, сакъадæхтæ Данийы скондæй кæй рацæуынц, уый. Уыцы уынаффæ бафидар кодта парламент (12 хъæлæсы разы, 11 нæразы). Сакъадæхтæй иу — Суурой, æппæты хуссардæр æмæ фæзуатмæ гæсгæ æртыккаг — фехъусын кодта, уый Даниимæ кæй баззайдзæн, уый. Данийы хицауад хъæлæслæвæрд схуыдта æнæхъомыс æмæ фарераг парламенты куыст рæстæгмæ бауромын кодта.

Фæстæдæр адæмы ног æрфарст сбарæг кодта, Данийы сконды кæй баззайын фæнды, ахæм цæрджыты æмбисæй чысыл фылдæр уыд. Парламенты делегаци ацыд Копенгагенмæ ныхас кæнынмæ. 1948 азы бадзырдмæ гæсгæ Фареры сакъадæхтæ райстой арæнгонд суверенитет, йæ æддаг политикæ у Данийы бар.

1984 азы Фарертæ фехъусын кодтой сæ æнæаппон статус. Æнæуи сакъадæхтыл ис Данийы æфсæддон базæ æмæ НАТО-йы радиолокацион комплекс.

Фарертæ сты Шенгены бадзырды уæнг. Уырдæм бацæуынæн Уæрæсейы граждæнты хъæуы даниаг минæварады визæ исын.

Географи

[ивын | Бындур ивын]
Фареры сакъадæхтæ

Архипелаг 18 сакъадæхтæй у:

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]
Фарераг адæмон кафджытæ националон дарæсы

Сакъадæхты цæрынц 48 500 адæймаджы. Уыдонæй:

Цæрджыты рæзт (1327-2004)

[ивын | Бындур ивын]
АзЦæрджытæ
13274 000
13502 000
17694 773
18015 255
18346 928
18407 314
18457 782
18508 137
18558 651
188011 220
190015 230
191118 800
192522 835
195031 781
АзЦæрджытæ
197038 000
197540 441
198545 749
198947 787
199543 358
199643 784
199744 262
199844,817
199945 409
200046 196
200146 996
200247 704
200348 214
200448 353

Транспорт

[ивын | Бындур ивын]

Фарерты раны фæрцы архипеладжы сæйраг транспорт у денджызон. Паддзахады иунæг аэропорт у Воары сакъадахы. Фарерты сæйраг уæлдæфон ласæг у Авиакомпани Atlantic Airways. Æнæсцух рейстæ: Ставангер, Осло (Норвеги), Копенгаген, Ольборг, Биллунн (Дани), Рейкьявик (Исланди), Абердин, Шетланды сакъадæхтæ (Шотланди) æмæ Лондонмæ.

Зайæгойтæ

[ивын | Бындур ивын]

Архипелаг ис кадавар зайæгхал: арктикон зайæгойтæ, хъæддаг дидинджытæ, кæрдæджытæ, хъуына æмæ хъуынабын.

Бæстыхъæд

[ивын | Бындур ивын]

Фареры сакъадæхты бæстыхъæд у ромыл денджызон (сатæг зымæг æмæ сатæг сæрд). Архипелагыл ис 260 къæвдаджын бонты афæдзы дæргъы.

Бæрæгбæттæ

[ивын | Бындур ивын]
Сыгъдæг Олавы бон — Ólavsøka (Оулавсёкæ) 28 июлы
  • Ногбон, 1-æм январь
  • Стыр Цыппæрæм
  • Стыр Майрæмбон
  • Куадзæн
  • уырыс. Поливальный понедельник
  • Тырысайы бон, 25-æм апрель
  • Стыр Куывды бон (Store Bededag), цыппæрæм майрæмбон Куадзæны фæстæ
  • Зæрдæвæрæн (уырыс. Вознесение)
  • Сыгъдæг Æртæиууоны бон (уырыс. День Святой Троицы), 4-æм июнь
  • Сыгъдæг Уды Бон, 5-æм июнь
  • Конституцийы бон, 5-æм июнь
  • Сыгъдæг Олавы агъоммæ, 28-æм июль
  • Сыгъдæг Олавы бон, 29-æм июль
  • Цыппурсы агъоммæ (уырыс. Сочельник), 24-æм декабрь
  • Цыппурс, 25-æм декабрь
  • Лæвæртты бон, 26-æм декабрь
  • Ногбоны агъоммæ, 31-æм декабрь

Традицитæ

[ивын | Бындур ивын]
Мард сæмсгæфтӕ Фареры наулæууæн Хвальбæйы, сакъадах Суурой. 2006-æм аз

Фареры сакъадæхтæ ма хъуыстгонд сты китдзуаны традицийæ. Урсварс сæмсгæфтæ æмæ æндæр гайтæ марынц сæ дзидза æмæ сæ сойы тыххæй, афæдзы дæргъы 950 гриндæйы (Globicephala melaena) бæрц марынц, сæ фылдæр сæрды. Фарерæгтæ куыд бамбарын кæнынц, китдзуан у сæ традицион царды ахсджиаг хай, цæрæгойты хъахъхъæнджытæ та уыцы традици критикæ кæнынц куыд тугдзых æмæ нæхъæугæ[1][2].

Хæринæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фарерты традицион хæринæгты бындур у фысыфыд, картоф, кæсаг æмæ гайы дзидза. Фысыфыд у фарераг адæмы уарзондæр хæринæгтæй иу. Фарерты ис иунæг бæгæныхсидæн Föroya Bjór (уый кусы 1888 азæй).

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Whales and whaling in the Faroe Islands. Faroese Government. Датæ: 2006-æм азы 5 декабры.
  2. Why do whales and dolphins strand?(æнæбаххæсгæ æрвитæн). WDCS. Датæ: 2006-æм азы 5 декабры. Архив 2007-æм азы 31 октябры.