Магаданы облæст

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Магаданы облæст
Магаданская область
Магаданы облæсты тырыса Магаданы облæсты герб
Магаданы облæсты тырыса Магаданы облæсты герб

Магаданы Уæрæсейы картæйыл

Административон центр Магадан
Фæзуат

- Æдæппæт

10-æм

462 500 км²

Цæрджытæ

- Æдæппæт
- Æнгомад

81-æм

136 085[1] (2021)
0,35 ад./км²

ÆРП 29,9 млрд сомы (2006)
Федералон зылд Дард Скæсæны
Экономикон район Дард Скæсæны
Губернатор Николай Дудов
Автомобилон код 49
Сахатон таг MSK+8 (UTC+11)

Магаданы облæст (уырыс. Магаданская область) у Уæрæсейы Федерацийы субъект Дард Скæсæны. Йæ административон центр у Магадан.

Облæсты цæрджыты нымæц у 163 мин адæймаджы (2009), ома 0,35 ад./км². Сахарты чи цæры, уыдон сты фылдæр хай (95,3 %).

1990—2006 азты ног къайæдты нымæц æмæ толахъты нымæц хæстæг уыди: 34.488 æмкъайады æмæ 33.481 толахъы 16 азы дæргъы.

Уæрæсейы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ (октябрь 2002) Магаданы облæсты цæрынц мæнæ ацы адæмыхаттыты минæвæрттæ:

Адæм Нымæц 2002-æм азы, мин
Уырыссæгтæ 146,5 (80,2 %)
Украинæгтæ 18,1 (9,9 %)
Эвентæ 2,5 (1,4 %)
Белорусæгтæ 2,2 (1,2 %)
Тæтæйрæгтæ 2,0 (1,1 %)
Коряктæ 0,88 (0,5 %)
Мæхъхъæлæттæ 0,8 (0,45 %)
Немыцæгтæ 0,7 (0,45 %)
Ительментæ 0,65 (0,35 %)
æвдыст сты, сæ нымæц фондз сæдæйæ фылдæр кæмæн у, æрмæст уыцы адæмыхаттытæ

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]